\Шикарный написал(а):Бак 57 кому нужно ???
я страхуюсь,чтобы не съели)))
===========================================================================
Адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан» аивадуарзджытæн радон хатт лæвар кæны йæ курдиаты тых. Дыккаг бон Ирон театры уæрæх залы къух бакæнæн нæй. Бынат кæмæ не `рхауы, уыдон разы сты лæууыныл дæр, цæмæй та артистты алæмæты фезмæлд феной. Ахæм бæрæгбон Ирыстоны арæх нæ вæййы, уымæн æмæ «Алан»-ы æхсызгонæй агурынц алы бæстæты.
Кæд Ирыстоны кад исчи дунейыл айхъуысын кодта, уæд уый – нæ кафджыты номдзыд ансамбль «Алан». 1938-æм азы йын бындур æрæвæрдта Кокойты Тæтæрхъан. Уæд уал сфæлдыстадон къорд фылдæр заргæ кодта. Кафты ансамбль сси 1966-æм азы, 2 азы фæстæ йæ разамонæг сси Уарзиаты Хадзысмел æмæ уæд къордæн радтой йæ абоны ном дæр. Ныр дæр та ирон театры сценæйыл фæлтæрдджын артисттæ æвдисынц сæ алæмæты курдиат.
Тедеты Руслан – паддзахадон ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг: «Нæ программæ фæивтам. Цыппар кафты дзы ног кæфтытæ сывæрдтам. Хадзысмел Варзиевы кафт дæр вæрд æрцыи. Абон у Байаты Альбинæйы гуырæн бон дæр æмæ йын кафт сæвæрдтам «Солнце Осетии» æмæ йæ абон равдисдзыстæм.»
79 азмæ ансамбль гастрольты нæ бæстæйы æмæ Зæххы къорийы цы ран нæ басгæрста, ахæм нал баззад. Æнцондæр, æвæццæгæн, кæдæм нæма фæхæццæ, уый зæгъæн у. Кафджыты схорзæхджын кодтой бирæ æппæтдунеон фестивальты майдантæй, у Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон конкурсты уæлахиздзау. Иннæ аз та сын у юбилеон. Къорд æм йæхи цæттæ кæны зæрдиагæй.
Тедеты Руслан – паддзахадон ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг:«Тынг цæттæ кæнæм нæхи. Уыдзæни нæм бирæ уазджытæ: иннæ горæттæй, регионтæй. Фæсарæнтæй дæр нын зонгæтæ бирæ и. Таджикистанæй нæм «Бахор» хъуамæ рцæуа. Юбилеон азы бæрæгбон ацæудзæн 3 октябры.»
Ныртæккæ къорды ис 74 адæймаджы. Фæлтæрдджын артисттæ æмæ æрыгон кафджытæ кæрæдзийы хорз æмбарынц.
Торчынты Бексолтан, Карсанаты Галинæ, Плиты Нодар, Байаты Альбинæ, Калоты Земфирæ, Туаты Ирбег æмæ ма бирæ `ндæртæ… Уыдон ирыстойнаг къордæн дунейы скодтой стыр ном. Абон сын сæ кад дæлæмæ не руадзыныл архайынц кæстæртæ.
Концерты программæ у цымыдисаг, фæхъæздыг ног хореографион уацмыстæй. Ансамблы репертуары ис 35 кафтæй фылдæр. Концерты фæстæ артисттæ кæд тынг бафæллайынц, уæддæр сæ цæсгæмттæ вæййынц рухс æмæ хъæлдзæг.
===================
Уæллæй, æнæивгæ хъуыддаг чи каст адæймагмæ, уый дæр аивта. Нурсултан Назарбаев Казахстаны сæргъы уыдис 30 азы чысыл цухæй. Цæй, Хъаспийы денджызы фæстæ хабæрттæй фæстæмæ нæхи Ирыстоны армытъæпæнмæ рахизæм. Æрæджы социалон хызæгтæ байдзаг сты алыхуызон дам-думтæй.
Адæм разыйæ нæ баззадысты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы ног æвæрд кафтæй. Цавæр уыд, куы бафæрсат, уæд – ламбадæ! Зындгонд ансамбль æй фыццаг хатт равдыста мартъийы райдиан Ирон театры сценæйыл. Критикæ сыл алырдыгæй ныккалд. Уый цавæр æнахуыр кæфтытæ сты? Цæмæн хъæуынц ахæм митæ академион ансамблы репертуары – ацы ныхæстæ уыдысты сæ тæккæ фæлмæндæртæ.
Иннæтæ та сæ театр «Амыран»-имæ абарстой. Уыдоны дæр къахы бын нæ кæнæм, фæлæ æмткæй райсгæйæ, нæ аивад уарзджыты, нæ республикæйы культурæйы кусджыты зæрдæмæ хъæлдзæг ламбадæ нæ фæцыд. Æппæт уыдонимæ разы нæу сфæлдыстадон къорды аивадон разамонæг Тедеты Руслан.
========================================================================
Киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы концерт. Концерт уагъд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизы боны цытæн. Уыцы бон ардæм æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад, сæ сæргъ Президент Бибылты Анатоли, афтæмæй.
Концертамонæг, ансамбль «Симд»-ы артисткæ Гатыгкоты Нинæ арфæ ракодта концертмæ æрбацæуджытæн æмæ бузныджы ныхæстæ сæрмагондæй загъта ветерантæн немыцаг фашизмы ныхмæ тохы се стыр хайбавæрды тыххæй. «Сымах, зынаргъ ветерантæ, махæн стут тынг зынаргъ æмæ уын нæ сæртæй ныллæг кувæм!».
Бæрæгбонон концерт байгом кодтой рагон ирон кафт «Симд»-æй, кæцыйæ ирон адæм сты сæрыстыр. Сценæмæкæсджытæ стыр цымыдисимæ кастысты профессионалон кафджыты арæхстдзинадмæ æмæ сæ цины æнкъарæнтæ æвдыстой сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй.
Уымæй дарддæр ма ансамбль «Симд» концерты фæлгæтты равдыстой сæ ног сæвæр-гæ кафт «Ирон бæрæгбонон кафт (Осетинский массовый перепляс). Кафт сæвæрдта ансамблы сæйраг балетмейстер Чилæхсаты Георги.
Ирон кæфтыты фæстæ æххæстгонд цыдысты ирон патриотикон æмæ æфсæддон зарджытæ дæр. Ахæм зарджытæ сæххæст кодта ансамблы зарæггæнджыты хор. Дирижер та сын уыдис курдиатджын артисткæ Саппиаты Залинæ.
Концерты ма æххæстгонд æрцыдысты ахæм музыкалон номыртæ, куыд «Бæрæгбон Ирыстоны», «Хæххон», «Чызджыты кафт» æмæ æндæртæ. Концерты кæрон та балхынцъ кодтой хореографион равдыст «Аланты сюитæ»-йæ, кæцыйы сæвæрдта ансамбль «Симд»-ы раздæры аивадон къухдариуæггæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг Саулохты Сергей.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй ансамблы уæнгтæн æрбахастой дидинджытæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз йæ раныхасы рæстæджы арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта ансамбль «Симд»-ы артисттæн, ахæм цымыдисон концерт сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. «Концерт уыд тынг цымыдисон æмæ нын уæлдай æхсызгон та уый уыд, уагъд кæй æрцыд Стыр Уæлахизы боны цытæн. Хуссар Ирыстонæй бирæ фырттæ ацыдис фронтмæ æмæ дзы хъæбатырæй лæууыдысты немыцаг фашисты ныхмæ, нæ иумиаг знаджы ныхмæ. Ветеранты советы номæй уын арфæ кæнын уе ‘ппæтæн дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы бæрæгбоны цытæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад æмæ хæлардзинады æппæт хæрзиуджытæ», – загъта Уалыты Гайоз.
Арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ республикæйы къухдариуæгадæн загъта паддзахадон ансамблы нæлгоймæгты хоры солист Æлборты Инал. «Фæнды ма мæ стыр бузныг зæгъын нæ сценæмæкæсджытæн, афтæ хъарм æмæ нæ хорз кæй айсынц, уый тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы бирæ хорздзинæдтæ æмæ æнæниздзинад. Мах та уын дарддæр дæр уæ зæрдæтæ цы рухс кæнæм, æмæ уын кафгæ дæр æмæ заргæ дæр цы кæнæм, уый амонд нæ уæд», – загъта Æлборты фырт.
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Дзеранты Шота дæр йæ раныхасы банысан кодта бæрæгбоны стыр нысаниуæг æмæ цыбыртæй сценæмæкæсджытæн радзырдта йæ тæлмæнты тыххæй хæстон азты. «Бузныг уын зæгъын, ацы цымыдисон изæры тыххæй. Абон махæн нæ фарсмæ ис ног Президент æмæ адæм се ‘ппæт дæр хъуамæ æрбалæууой йæ фарсмæ, цæмæй сæ къухты бафта æнтыстытæ. Æрмæстдæр кусгæйæ æмæ фыдæбонгæн-гæйæ нæ къухты бафтдзæн стыр æнтыстытæ æмæ йæ кæддæриддæр уæ зæрдыл дарут»,- банысан кодта хæсты ветеран.
=======================================
Кæд Цæгат Иры аивадуарзджытæм нырма сфæлдыстадон бæрæгбон разæй æнхъæлмæ кæсы, уæд æй Хуссар Ирыстоны та ныридæгæн сарæзтой. Цхинвалы уыдис Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы концерт. Залы къух бакæнæн нал уыдис, ирон кафты курдиатыл иузæрдион чи у, уыдонæй. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы концертæй ансамбль йе 80-æм сезон кæй сæхгæдта.
Бæстæтыл чи фæхаттис, уыцы ансамбль артисттæ барухс кодтой Цхинвалы цæрджыты зæрдæтæ. Уæнгты аив айстæй, курдиаты цæхæрæй æмæ зæрдæйы ахастæй адæммæ. Се сфæлдыстадон изæрмæ сын иууылдæр саккаг кодтой зæрдиагæй.
«Ацы аз нæ фыццаг концерт у. Æхгæнæм дзы нæ сезон. Уыдис, рагæй кæй снысан кодтам, ахæм изæр. Ног кæфтытæ йæм нæ бахастам. Цыдæриддæр равдыстам, уыдон иууылдæр уыдысты нæ репертуары. Зæгъæн ис, æмæ ма сыл ноджы тынгдæр бакуыстам. Уæлдай æхсызгон нын уый у, æмæ нын нæ билеттæ уайтагъд аскъæфтой. Сæрды бæстастæу концерттæ ничи фæдæтты, тарстыстæм, афтид залы нæ куы бахъæуа кафын. Фæлæ дзы иу билет дæр нал аззад», – ансамбль «Симд»-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристинæ.
Концерт артисттæн уыдис, зæгъæн ис, æмæ дзуаппдæттæн. Цы куыстой афæдзы дæргъы, уый адæмы цурмæ рахастой. Чи сæм æрбацыд, уыдон дæр сæ разыйæ баззадысты. Фæткмæ гæсгæ сæ программæ байгом кодтой “Симд”-æй, ирон адæймаджы хуыздæр миниуджытæ æмæ сын сæ миддуне чи `вдисы, уыцы алæмæты кафтæй. Сæ аивадон къæбицæй рахастой æндæр кæфтытæ дæр.
Ансамблы зарæггæнджыты къорд дæр адæмы зæрдæтæ барухс кодта тыхджын хъæлæстæй. Акодтой “Дзауы уæрдæттæ”, “Мæ Ирыстон”, “Ой, Цола”, зæгъгæ, зарджытæ æмæ `ндæртæ. Æрбацæуджытæ фехъуыстой уырыссаг æвзагыл зарджытæ дæр. Хъаматимæ кафт та уæдæ кæддæриддæр фæцæуы адæмы зæрдæмæ.
Ирон кафт æмæ зард ирон культурæйы зынгæ бынат ахсынц. Галаты Барисы номыл ансамблы артистты уæздандзинад федтой дунейы алы кæрæтты. Сæ цард аивадæн кæй нывонд кæнынц, уый у культурæйы райрæзтыл дзурæг. Уымæн сæм не `фсæдынц кæсынæй, чи сæм æрбацæуы, уыдон.
Артисттæ равдыстой, æфсымæрдзинад кæимæ загътой, уыцы адæмыхатты аивад дæр. Акодтой абхазаг кафт. Фæсивæды дæсныйад, чи сæм æрбацыд, уыдоны зæрдæты байтыдта рæсугъд æнкъарæнты зынг.
«Ансамбль «Симд»-ы артистты афтæ бирæ уарзын, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Мæ цæст сын уарзы ноджы фылдæр æнтыстытæ, æнæниз уæнт, ног кæфтытæ сæвæрын сæ къухы бафтæд. Уый махæн кæддæриддæр стыр æхсызгондзинад хæссы. Сæ уындмæ сын алы хатт дæр бæллæм. Уæлдай тынгдæр ма мæ фæнды зæгъын нæ зарæггæнджыты къорды тыххæй. Сапиаты Зæлинæимæ, уæллæй, тæмæнтæ скалдтой. Бирæ ма сын кæй бантысдзæн, уый мæ уырны. Ныр дæр сæм хуыздæр цæстæй кæсын кæй райдыдтой, уый уынын», – Цхинвалы цæрæг Æлборты Ингæ.
«Цины `нкъарæнты бын фæдæн. Кæфтытæ – тæмæнкалгæ, зарæггæнджыты хъæлæстæ – алæмæтаг. Сæ курдиат нын раст царды тых дæтты. Стыр бузныг, ацы бæрæгбон чи бацæттæ кодта, уыдонæн се `ппæтæн дæр», – Цхинвалы цæрæг Санахъоты Ингæ.
Цы ма уа хуыздæр артистæн зæрдиаг къухæмдзæгъд фехъусынæй. Уымæй сын концертмæ `рбацæуджытæ ракодтой рæдау арфæтæ. Разæнгард сæ чи кæндзæн, уымæн сын ахъаз уыдзæн.
==============================
Ирон адæмы истори æмæ культурæ æнæбын фурдау сты арф æмæ хæзнадонау хъæздыг. Алы рæстæджыты сæм сæ хъус дардтой дунейы зындгонд ахуыргæндтæ. Æрæджы нæ республикæйы цæрджытæ Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бон куы бæрæг кодтой, уæд Интернеты тыгъдады цæст æрхæцыд Аргентинæйы цæрæг æрыгон лæппу Nestor Suarez-ы арфæйыл. Уый фыста: «Мæ зынаргъ ирæттæ! Арфæ уын кæнын Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бæрæгбоны фæдыл! Бирæтæ мæт кæнынц ирон æвзаджы фидæныл, фæлæ æз базонгæ дæн, уæ рæсугъд æвзаг чи ахуыр кæны, ахæм туркаг, америкаг, испайнаг, бразилаг æмæ немыцаг лæппутæ æмæ чызджытимæ. Æз цалынмæ æгас дæн, уæдмæ иронау дзурдзынæн!» (Фыстæг уæ размæ хæссæм æнæ ивддзинæдтæй).
Нæ цымыдисдзинад нæ сæртæй акаст. Ирыстоны сæйраг сахары уынгты цæугæйæ, адæймаг стæм хатт куы фехъусы ирон ныхас, уæд ацы адæймаг, зæрдæ æцæгæлон рахонын дæр кæй нæ комы йæ арфæты фæстæ, уый ирон адæмæй цы хæс дары дард Аргентинæйы цæргæйæ, зæгъгæ. Æвæстиатæй йæ ссардтам, йемæ видеобастдзинады æххуысæй базонгæ стæм æмæ æрныхас кодтам. Ацы ран зын зæгъæн у, нæ дыууæйæ чи фылдæр цин кодта, уый. Уымæн æмæ ирон адæймаджы уынд æмæ ирон ныхасы зæлтæ хъусгæйæ, Несторæн йæ цæсгомæй нæ цух кодта мидбылхудт, бамбæхсæн нæ уыд йæ зæрдæйы ‘нкъарæнтæн дæр. Не ‘хсæн рауад ахæм ныхас:
— Нестор, радзур-ма нын, дæ хорзæхæй, дæхи тыххæй. Цы дæ бæтты Ирыстонимæ, ирон адæмимæ æмæ сæ культурæимæ?
— Æз ирон нæ дæн, нæдæр мæ ныййарджытæ сты ирæттæ. Никуы уыдтæн Ирыстоны, фæндгæ та мæ куыд нæ кæны, фæлæ… Цæрын Аргентинæйы иу чысыл сахар Креспойы. Цæуы мыл дыууын цыппар азы. Кусын нæ сахары астæуккаг скъолатæй дыууæйы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Ис ма мын æфсымæр æмæ хо, фæлæ уыдон иронау нæма зонынц. Скъолайы фæстæ каст фæдæн ЭнтреРиосы областы автономон университеты социалон, гуманитарон зонæдтæ æмæ аивæдты факультет. Сахуыр дзы кодтон англисаг æвзаг.
— Кæд фехъуыстай фыццаг хатт ирон ныхас?
— Фарон сæрды Интернеты федтон ролик, «Кæд дæ ирон, уæд де ‘взаг зон», зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд æз нæ зыдтон, чи сты уыцы адæм æмæ цавæр æвзагыл дзурынц. Ныхæстæн сæ хъуыды дæр кæцæй бамбæрстаин. Ирон ныхасы зæлтæ мæм афтæ рæсугъд фæкастысты, æмæ мæ размæ сæвæрдтон хæс йæ сахуыр кæнын. Уыцы рæстæгмæ æз зыдтон уырыссаг æвзаг. Ирон ныхæстæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгæнгæйæ, базыдтон сымах хъæздыг æвзагыл дзурын дæр. Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы, Интернеты кæй ис бирæ æрмæджытæ ирон æвзаджы тыххæй. Уый мæнæн радта фадат æнæ къуылымпыйæ æвзаг сахуыр кæнынæн. Цыбыр рæстæгмæ базыдтон дзурын, кæсын æмæ фыссын иронау. Йæ зæрды æвзаг сахуыр кæнын кæмæн ис, уый йæ æнцонæй базондзæнис.
— Цал æвзаджы зоныс æдæппæтæй?
— Сахуыр кодтон аст æвзаджы: англисаг, испайнаг, немыцаг, нидерландаг, венгейраг, уырыссаг, болгайраг æмæ ирон. Мæ фыдæн йæ уидæгты æрдæг испайнаг сты, æрдæг — англисаг. Мæ мад та у Уæрæсейæ рацæуæг — Поволжьейы цæрæг немыцæгтæй. Фæлæ уæддæр мæ мадæлон æвзагыл нымайын испайнаг æвзаг. Хъуыды кæнын, æмæ хæдзары бинонты ‘хсæн дæр дзурæм испайнаг æвзагыл. Уарзын æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнын, цымыдис мæ кæнынц, мæхи сыл ирхæфсын. Уый ‘руаджы мын алы бæстæты ис бирæ хæлæрттæ. Бразилийы мын ис æрдхорд Murilo Ricci (Мурило Риччи). Уый дæр иртасы ирон æвзаг. Ныртæккæ цæттæ кæны англисаг-ирон æвзаджы дзырдуат. Интернеты йын ис сайт дæр: www.gramatiki.org/ossetian/
— Цавæр уацмыстæ бакастæ ирон æвзагыл?
— Бакастæн Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ. Уымæй æз базыдтон ирон адæмы удыхъæд æмæ зондахаст, се ‘гъдæуттæ æмæ культурæ. Аргентинæйы цæрджытæн Борхесы номæй куыд кад кæнынц, англисæгтæн Шекспиры, афтæ ирон адæмæн та Къостайы ном у сæ Кад. Сымах иннæ адæмты хуызæн не стут, нæдæр уæ зондахастæй, нæдæр уæ культурæ æмæ æгъдæуттæй. Уе ‘взаг та у бынтон рæсугъд. Хигъæдон стут. Хурныгуылæны цæрджыты зондахаст та у бынтон æндæр. Уæлдай цымыдисæй бакастæн «Нарты кадджытæй» хицæн уацмыстæ. Зонгæ дæн ирон адæмы фольклоримæ дæр.
— Цавæр ирон дзырдтæ цæуынц дæ зæрдæмæ фылдæр?
— Рæсугъд, хæлардзинад, æвзаг, æгъдау, стъалы, хох, фарн æмæ бирæ æндæртæ.
— Цы дæ цымыдис кæны ирон адæмы царды?
— Радзырдтой мын ирон адæмы истори, ирон культурæ æмæ традициты тыххæй. Уыдон тынг цымыдисаг сты. Абарæн сын ницæимæ ис. Тынг хъæздыг культурæ уын ис.
— Дæ зæрды дарддæр дæр ис æндæр æвзæгтæ ахуыр кæнын?
— Афæлвæрдтон цæцæйнаг æвзаг сахуыр кæныныл дæр. Фæлæ мæ къухы нæ бафтыд. Фыццаджыдæр, Интернеты цæцæйнаг æвзаджы тыххæй æрмæджытæ фаг нæй. Дыккагæй та зын æвзаг у.
— Цæмæй дæм фæкæсæм?
— Бузныг. Мемæ дзурут иронау. Интернеты руаджы æз бакæсын Ирыстоны телеуынынад «Алани»-йы хабæрттæм, ирон сайтты æрмæджытæ. Æз ма базыдтон Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй. Хурныгуылæны ‘рдыгæй хъуыды кæнынц æрмæст Гуырдзыстоны перспективæйыл. Нестор ирон æвзагыл æрмæст дзургæ æмæ кæсгæ нæ кæны, фæлæ ма йæхи ‘гъдауæй базыдта ирон æвзаджы грамматикæ æмæ кæны иртасæн куыстытæ. Бæлвырддæрæй та, Интернеты тыгъдады байгом кодта йæхи сæрмагонд сайт Ossetian for everyone. (Ирон æвзаг алкæмæн дæр). Нестор ирон æвзагæй йæхæдæг ногæй цы базоны, уыдон тæлмац кæны алы ‘взæгтæм, цæмæй фæсарæйнаг адæм дæр сæ хъус æрдарой æмæ сахуыр кæной ирон æвзаг. Тексттæй уæлдай ма йæ æрмæджытæ баххæст кæны къамтæй: Ирыстоны кæмттæ, ирон кусæн дзаумæттæ, мигæнæнтæ… хъæздыг сты йе ‘вæрæнтæ. Интернеты руаджы хорз зоны, Ирыстоны цы хабæрттæ цæуы, уыдон. Цымыдисаг æмæ йæм дзы ахсджиагдæр цы фæкæсы, уыдон йæ сайты равæры иннæ адæмтæн дæр фехъусын кæнынæн. Ис ын бастдзинæдтæ алы бæстæты ирон диаспорæтимæ дæр. Æхсызгонæй айста газет «Рæстдзинад»-ы сайты адрес æмæ Аргентинæйы фæкæсы ирон газет дæр. Журналисты куыст нывæзт у адæмимæ фембæлдтытæй. Афæдзмæ ирæттæй цы бирæ интервьютæ райстон, уыдонæй иронау мæ фæрстытæн дзуапп радтой, хъыгагæн, æрмæстдæр цалдæр: Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы ахуырады управленийы сæргълæууæг Гозымты Раман, кинорежиссер Джусойты Мурат, зарæггæнæг Медойты Светланæ, бæхылбадджыты къорд «Ирыстон»-ы аивадон разамонæг Хъаныхъуаты Таймураз, адæмон инструменттыл цæгъдджыты къорд «Уадындз»-ы солист Дзидаханты Къоста, стæй францаг ахуыргонд Лоран Алибер æмæ нæ ног хæлар, Аргентинæйы цæрæг испайнаг æрыгон æвзагиртасæг Нестор Суарез. Цы хæсджын сты ацы фæстаг дыууæ æрыгон лæппуйы ирон адæмæй? Иннæмæй — куыд ис фæлæууæн ирон æвзаджы кæлæнгæнæг зæлтæм. Фæсарæйнæгтæ йын куы рахатыдысты йæ рæсугъд æмæ хъæздыгдзинад, уæд нæхицæн донау абухгæ цæмæн у? Цæмæй дзы тæрсæм? Цы фыд нын ракæндзæн? Интернеты ма фенæн ис, Нестор иронау Къостайы æмдзæвгæтæ кæм кæсы, ахæм видеороликтæ дæр. Зæрдæ фæкъæпп кодта — Несторæн йæ зæрдæ Ирыстон æмæ ирон адæмыл, ирон æвзагыл афтæ æнгом баст кæм у, уым уый гæнæн нæй, æмæ йæм ирон туг ма хæццæ кæна. Афтæ куы фæзæгъынц, æвзаг адæмы зæрдæ у, зæгъгæ. «Æз нæ дæн цымыдисаг», — æфсæрмдзастæй загъта йæхицæй. Разынд, æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, ахæм уæздан адæймаг. Куы йæ бафарстон, Нестор, цæуыл у дæ сагъæс, цы у дæ бæллиц, уæд загъта: — Тынг мæ фæнды искæд Ирыстонмæ ссæуын, хи цæстæй Цæгат æмæ Хуссар Иры нæртон адæмы фенын. Тынг ма мæ фæнды, цæмæй фылдæр адæм базоной ирон æвзаг æмæ йыл дзурой.
— Дæ хорзæхæй, Нестор, саккаг нæм кæн! Тынг дыл бацин кæндзыстæм. Хорз дæ суазæг кæндзыстæм.
============================================
Бæллицтимæ цæрын дæр, фæндæгтыл цæуын дæр, цæлхдурты сæрты хизын дæр æнцондæр у. Иугæр ницæмæуал тырныс, кæнæ дын зындзинæдтæ дæ ныфс фæкъахыр кодтой, дæ къух ауыгътай, мæйдар æхсæвы дын цырагъау дæ фæндаг рухс чи кодта, уыцы бæллицтыл, уæд æй зон: сафтид дæ…
— Ме стырдæр бæллиц?! Тæхуды, æмæ Ирыстоны куы фæзынид курдиатджын сывæллæтты скъола-интернат. Цæмæй дзы цæттæ кæной, национ культурæйæн йæ уд йæхимæ кæмæй æрцæудзæн, ахæм специалисттæ. Ома, æз æрмæст музыкантты кой нæ кæнын. Абон къаннæг саби ирон æвзагыл цыбыр хъуыдыйæдтæй архайы, йæхимæ гæсгæ, диссаджы аргъау ныффыссыныл. Йемæ хъæуы кусын, амонын. Йæ алы дзæбæх дзырдбастыл дæр ын бацин кæн. Æмæ, кæд мыййаг, 15–20 азы фæстæ ирон фысджытыл иу ирон æрыгон фыссæг бафтид. Уый кæуылты хъуыддаг уаид…
Гæздæнты Булатимæ йæ æнтыстдзинæдты, аивады цы бæрзæндтæм схызт, цы хæрзиуджытæ æмæ йæм кадджын æвдисæндартæ ис, уыдоны тыххæй зын дзурæн у.
— Уыцы зæххыл Олгинскæйы хъæу, æмæ уым кæддæр иу гыццыл лæппу, Булат, йæ къухтæм райста фæндыр. Уый фæстæ схызтис аивады бæрзæндтæм.
— Аивады бæрзæндтæ, зæгъыс?! Æмæ уыдонæн, мыййаг, арæнтæ ис? Барæнтæ цавæр хъуамæ уой? Чи зоны та æндæр фæзындзæн, ноджы арæхстджындæр, ноджы курдиатджындæр. Афтæ куы нæ уаид, уæд цард бирæ фæлурсдæрæй зынид. Раст мæ бамбар, фæлæ уæд равзарынхъом нал уаиккам æцæг музыкалон уацмыс хуымæтæг зæлты æмбырдгондæй. Æвæццæгæн мын Хуыцау балæвар кодта уыцы курдиат, æндæр мæм кæцæй фæзындис? Кæд федтат фондзаздзыд чындзхæссæг? Фæлæ ма мæ-иу цы хуызы раппæлыдаиккой нæ хъæуккæгтæ æмæ та мæ-иу фæцæйластой. Æз та цастæ æмбæрстон?! Фæндыры фæстæ-иу зынгæ дæр нæ кодтон æмæ-иу цагътон хъазты.
— Дæ бæллиц — хи национ аивадон тыхтæ дзæбæх, парахат, алцæмæй æххæст уавæрты хъомыл кæнын. Æвæццæгæн, сабитæ æнæ курдиат нæ вæййынц. Чи йæ бафиппайдта, чи йæ райхæлдта, уыцы ахуыргæнæгæй бирæ аразгæ у.
— Æцæгдæр афтæ. Суыдзæн æви не суыдзæн? Рауайдзæн дзы æви нæ рауайдзæн? Музыкалон училищемæ мæ райстой, хъæуы авд къласы куы фæдæн, уæд. Хъæуккаг сывæллон цы вæййы, уый уыдтæн. Фæлæ нæм нæ ахуыргæнджытæ цы цæстæй кастысты, куыд нын æнкъардтой нæ авналæнтæ, куыд рæдау, куыд домаг æмæ куыд хæларзæрдæ уыдысты, уыдæттæ хуымæтæджы радзурæн нæй. Леон Давыдов, Павел Антонюк, Владимир æмæ Евгения Горшковтæ, Рогнеда Герман, Николай Паненко, Туаты Зинаидæ, Дзуццаты Зарæ, Гайттаты Зæирæ — раст цыма сæхи сывæллæттæ уыдыстæм, афтæ ныл мæт кодтой. Иу хатт урочы цæуылдæр фæтæргай дæн. «Цæугæ кæнын, ахуыр нал кæнын»,зæгъгæ, къласæй рацыдтæн.
Леон Давыдов, ахуыргæнæг, мæ фæстæ цæуынтæ райдыдта, фæныхæстæ, фæсабыртæ мæ кодта. Æрбаздæхтæн, уæдæ цы фæуыдаин?! Нæ нæ фæлладысты, нæ нæ тыхстысты. Æрзоныггæнæн цы ахуыргæнæджы цур ис, уыдонæй уыдысты.
Сывæллонæн йæ миддуне цæмæйты нывæзт у, цытæ дзы хæссы, цы 'мбæхсы, цавæр ныхас, комулæфт æй сразæнгард, баууæндын кæндзæн, цæмæй æппæт уыцы æвæрæнтæ æдæрсгæ цардмæ рахæсса?! Æвæццæгæн, кæй нæ бампылдыстæм нæ хъузджы, кæй нæ баруадыстæм, уæндонæй кæй бакъахдзæф кодтам музыкæйы æгæрон дунемæ — уый нæ ахуыргæнджыты фæрцы.
— Ирон фæндыр æмæ Булат… Национ инструментты оркестр æмæ Булат…
— Æндæр музыкалон инструменттыл дæр цæгъдын — домрæйыл, фортепианойыл, балалайкæйыл…
Фæлæ мын ирон фæндырæй зынаргъдæр æмæ адджындæр нæй. Оркестр та 1956 азы Хъæбæлоты Билары, партийы обкомы уæды секретары, фæрцы фæстæмæ кусын райдыдта.
Бирæтæ нæ зонынц, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, 1943 азы, фæзындис Ирыстоны радиойы национ инструментты оркестр. Музыкæмæ цы тых, цы хъару ис, уымæй уæззау заман адæмæн ныфсдæттæг ссис. Хæст куы фæцис, уæд оркестр дæр сæхгæдтой.
Фæлæ, куы зæгъын, 1956 азæй абонмæ йемæ æмдзу кæнын. 2005 азы онг национ инструментты оркестр уыдис телерадиокомпанийы.
— Афтæ зæгъæн ис, æмæ оркестрæн йæ хуыздæр, бæллиццагдæр бонтæ ивгъуыды баззадысты? Йæ абон æмæ йæ фидæн та æбæрæг у?
— Демæ бынтон не сразы уыдзынæн. Ивгъуыд. Нæ бæстæ дæр уæд æндæр уыдис, национ культурæйы рæзтмæ æцæг стыр æргом здæхт уыдис. Æз кæд оркестр телерадиокомпанийы хонын, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ куыстам комкоммæ эфиры радиойы дæр, телеуынынады дæр. Уыдис нын фадæттæ нæ музыкалон уацмыстæ, зарджытæ фыссынæн. Фирмæ « Мелодия» йæ райдай æмæ, радиойы фонотекæйы пленкæтыл фыстæй цастæ æвæрд, æфснайд æрцыд, уыдонæй фæу.
Цымæ Ирыстоны иу хъæу, иу колхоз кæнæ куыстуат баззад, нæ оркестр концертимæ кæм нæ сæмбæлд?! Æмæ уæд нæ сæр нæ рыстис, куыд ацæуæм, цæуыл — уыдис куысты фæтк. Оркестр нацийы стырдæр хæзнатæй иу у. Ирон адæммæ сæдæгай азты дæргъы цы музыкæйы зæлтæ æвзæрдис, цыдæриддæр нæм схæццæ ис, уыцы фольклорыл оркестр бакуыста. Æндæр, ног тых ма сæ бауагъта. Цæгат Кавказы нæ оркестры æмрæнхъ кæй æрæвæрæм, ахæм нæй ныры онг дæр. Диссаджы курдиатджын музыканттæ дзы уыдис, æрмæст цæгъдгæ нæ, фæлæ ма фыстой музыкæ дæр. Николай Петров, Дзитойты Юри, Бугъойты Майрæм, Георгий Могильченко, Гуыриаты Розæ, Валерий Цыбин, Хъуппеты Мысост æмæ ма бирæтæ. Оркестримæ зарыдысты Тогъойты Таисия, Суанты Федыр, Абайты Хаджумар, Бзарты Кемал, Галуанты Венерæ, Котолиты Мария…
Абон та уымæ æрцыдыстæм, æмæ нæ бон нæу, раздæрау цы уацмыстыл кусæм, цы ног музыкæ цæгъдæм, уый студийы фыссын. Кæнæ нын цæмæй нæ цæгъдтытæ теле- кæнæ радио эфиры радтой. Ныр алцæмæн дæр æхца фидын хъæуы. Мах уацмыс бацæттæ кодтам, фæлæ йæ цæмæй эфирæй адæммæ фæхæццæ кæной, уымæн дæр хъуамæ нæхæдæг бафидæм.
Нæ концертон программæтæ равдисыны фадат дæр нын нæй, уымæн æмæ зал баххуырсынæн стыр æхцатæ хъæуы. 9 маймæ бæргæ нæхи фæцæттæ кодтам, фæлæ уыцы тематикон концерт æнæвдыстæй баззад. Мах бахаудыстæм коммерцион ахастыты уацары æмæ тыхамæлттæ кæнæм.
— 2005 азы оркестр лæвæрд æрцыдис Культурæйы министрадмæ. Ныры онг бæрæг нæу, кæм æрбынæттон уыдзæн оркестр.
— Радиойы кусджыты æндæр ранмæ аивтой, бæстыхай у бындуронæй цалцæггæнинаг. Зымæг-зымæджы дæргъы уазал къуымты куыстам, репетицитæ иу бон дæр нæ баурæдтам. Фæлæ дарддæр цы фæуыдзæн оркестр, уый зын зæгъæн у.
— Оркестр цы кусы, цы цæгъды, уый адæм куы нæ хъусой, концертты куы нæ уыной музыкантты, уæд йæ фидæн сагъæссаг у. Оркестрæн дæр, стæй, дыууæ нотæйæ æмæ дыууæ ныхасæй арæзт зарджытыл цы адæм фæцалх сты, уыдонæн дæр.
— Ныртæккæ мæнæн мæ бон билеты аргъ 200–250 сомы скæнын нæу. Адæм уыйас хъæздыг не сты. 100 сомы аргъ у билет нæ концертмæ. Уымæй къаддæр — 50 сомы та скъоладзаутæн. Фылдæр кусæм скъолаты. Æрмæст цагъд æмæ зардыл нæ банцайынц нæ фембæлдтытæ. Цымæ ирон композитортæй кæй ранымайдзысты сывæллæттæ, сæ цавæр уацмыстæ сын зонынц, Къостайы æмдзæвгæтæ радзурыны тыххæй сæ сценæмæ схизын кæнын. Кæд ма Къостайы «Гино-Гино-Гис» æмæ «Кæй фырт дæ?» радзурынц, уæд иунæг ирон композиторы ном дæр нæ зонынц не скъоладзаутæ. Оркестр та цæгъды Кокойты æфсымæрты, Алыккаты Æхболаты, Плиты Христофоры, Хаханты Дудары, Къуыллæты Леониды, Бериты Алыбеджы, Борæты Барисы, Хосроты Тотырбеджы, Æлборты Феликсы, Геннадий Овечкины, Тотиты Андрейы, Борис Шаталовы, Цæллагкаты Барисы, Гæбæраты Ильяйы музыкалон уацмыстæ. Оркестры репертуары 600 уацмысæй фылдæр ис. Куы ма йæ загътон: нæ музыканттæ сæхæдæг фыстой музыкæ дæр.
Абон сын мах сæ уацмыстæ цæгъдæм.
Ирыстоны цæргæйæ, ам ахуыргæнгæйæ, хъуамæ нæ кæстæртæ цæуылнæ зоной ирон композиторты, цавæр музыкæ фыстой, уый.
Афтæ поэтты, зарæггæнджыты, фысджыты, нывгæнджыты. Аивад ис аргъуанимæ абарæн. Нæ аивадæн йæ уд, йæ фæлгонц, йæ бакаст национ у. Оркестр ацы æбæрæг базарадон уавæртæн уæддæр нæ сæтты, быхсы бирæ зындзинæдтæн, кусы. Фæлæ кæдмæ, цас ма — уый нæ зонын. Цы нæм ис, цы бынтæ, нæ зæрды цæуылты ис бацархайын — уыдон иууылдæр Ирыстоны, ирон адæмы тыххæй. Цард æрмæст дзулы къæбæрæй нæу…
Æрдз тыхджын у. Æмæ та æрбахизынц оркестры къæсæрæй æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ. Æрцахсынц сæ бынæттæ фæлтæрдджын музыкантты 'хсæн, райсынц сæ къухтæм адæмон инструменттæ. Хъуысынц «Ханты цагъд», «Хонгæ», «Симды фæз», «Цецилия», «Алагираг» …
Булатæн оркестры цæрæнбон у йæ ныфс. Национ инструментты оркестры музыканттæн, аивадуарзджытæн та Гæздæнты Булаты цардвæндаг, йæ удуæлдай куыст, йæ лæггад национ культурæйæн систы æрдхæрæны, ныфсы æмæ кады хос. Нæ республикæйы адæмон артист, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, педагог, хъомылгæнæг, бирæ ахуыргæнæн амынддзинæдты автор, ирон адæмон музыкалон фольклор æмбырдгæнæг, нотæтæм сæ рахæссæг — хæрзты бацыдис йæ адæмæн Булат. Сбарæн кæмæн нæй, ахæм хæрзты…
=====================================================
Последнее редактирование модератором: