Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайны 15-æм афæдзыбоны цытæн мӕ фӕнды фыды ӕфсымӕр Хидирти Ехъяй ӕмдзӕвгӕимӕ базонгӕ кӕнын. Фыст ӕрцыдис дыгуронау 1984 азы.
Мӕ бон куыд уыди, афтӕ бацархайдтон ӕмдзӕвгӕ ратӕлмац кӕнын ирон ӕвзагмӕ. Кӕд иу ӕвзагыл нымад цӕуынц, уӕддӕр бирӕтӕн зын вӕййы лӕмбынӕгӕй бамбарын фыстӕгтӕ. Профессионалон фыссӕг нӕ дӕн,стӕй иронау хӕзна хорз не 'мбарын, ӕмӕ исты рӕдыдтӕ кӕд скодтон, уӕд хатыр курӕг дӕн.
"ФӔНДАГ"
1984 аз.
Мӕ Фыдыбӕстӕ Кавказы
Алцӕмӕй у зӕрдӕджын,
Дихгонд кӕй у ныр мин азы,
Иунӕг уый кодта мын зын.
Фӕдих ӕй кодта зын равджы
Нӕ историй зилгӕ цалх,
Ӕмӕ уый бӕллӕхтӕй фӕндаджы
Бакъуырдта хоххыл йӕ къах.
Ралыг ӕй кодта цӕхгӕрмӕ
Ӕхсӕнгӕрӕнау нӕ хох,
Кӕрӕдзимӕн уӕд уый сӕрты
Куыд лӕвардтайам нӕ къух?
Нӕ фыдӕлтӕ йыл сӕ дуджы
Бӕргӕ къӕрт кодтой фӕндаг,
Фӕлӕ февдылгӕй сӕ туджы
Ныккалдтой ууыл сӕ цард.
Фӕдзӕхсыд дзы сӕ иу афтӕ:
"Мӕ мардыл дӕр ма ныккут,
Цыртдзӕвӕн мын ма ныссадзут,
Над кӕнын та ма ныууадзут".
Иннӕ уӕсиат афтӕ зонын:
"Курдзынӕн мӕ сыджытмӕ,
Над куы срӕвдз уа, чи йӕ зоны,
Ныхъхъӕр кӕнут мӕм цыртмӕ".
Бацыдысты сӕ уӕлмӕрдтӕм,
Зӕрдӕдзургӕй, зӕрдрыстӕй,
Уӕддӕр кастӕй сын сӕ нӕдтӕм,
Сӕ дуг та тынг фыдцӕстӕй.
Тох кодтой гурдзиаг кънйӕзтӕ,
Фӕндаджы ныхмӕ ӕдзух,
Куы баиу уыдаид бӕстӕ,
Афтид кодта уӕд сӕ къух.
Сӕ мидастӕу сын ӕлдӕрттӕ
Сӕ хъару сиу уынӕй, тӕрсгӕй,
Сӕ коййӕй дӕр ӕхсӕн нӕдтӕн,
Мӕлгӕ кодтой фыр мӕстӕй.
Ӕфхӕрд адӕмыл сӕ фӕнды
Нӕ разындис фӕхӕцӕг.
Къахвӕндаг салдысты миты,
Ме 'вдисӕн уӕлӕ ӕфцӕг.
Ныккӕут сыл ныр фӕсивӕд,
Сӕ тар дуне сыл фӕцӕй
Над не скӕнгӕй. Сӕ тӕригъӕд
Се 'фхӕрджыты куы фӕцӕй.
Ӕгайтма абон раст адӕм
Райстой сын уӕддӕр сӕ туг,
Бындур садзгӕй нӕуӕг цардӕн
Ныццагътой сын ныр се 'рдуг.
Ныллӕугӕй ныр раст фӕндагыл
Нӕ историй зилгӕ цалх,
Ӕгайтма уыцы фӕндагыл
Ныцъцъӕл сты ӕлдар, паддзах.
Сӕрибар сси нӕ Фӕскавказ,
Не 'фхӕрд Хуссар Ирыстон!
Иннӕ Ирыстон цӕгатварс
Ӕй республикӕ 'хсызгон.
Никӕмӕй вӕййӕм фӕдисы
Фӕстагдӕр ӕмӕ дӕлдӕр,
Не стыр Советон Цӕдисы.
Стӕм адӕмты 'хсӕн ӕмсӕр.
Сыстад нӕ астӕу ӕнусмӕ
Астӕуцӕджындзау нӕ хох,
Алкӕд хъусӕм кӕрӕдзимӕ
Над кӕнын дӕр нӕй ны рох.
Бакъӕрт кодтан ныр ӕ хуылфы,
Ӕ бӕрӕг астӕу тъунел.
Нал ӕвдылы туджы пырхы,
Кӕддӕрау нӕ къух, нӕ бел.
Ис нын Мӕскуыйӕй, Кавказӕй,
Ӕххуыс кӕнынмӕ стыр зиу.
Уый тыххӕй у нӕ фырцийнӕ,
Ирыстон кӕй суыдзӕн иу!
≠=================
Æз Лескени мæ райгурцæй
Ирæзтæн,цæргæй æдас.
Фиддæлти намусмæ хицæй,
Ниффедар æй мæ æнгас.
Сувæллон уогæй æдзунæг,
Хестæртæмæ игъустон.
Бийнонти уагæ лæмбунæг,
Уони фæрци базудтон.
Мæ фиди фидæ хæдзарæ,
Исамадта æхуæдæг.
Гъæуи кадæбæл æ хъаурæ,
Не 'вгъау кодта æд рæcтæг.
Фал гъæуккæгти 'хсæн фуддоги,
Дзурддавгутæ фæззиндтæй.
Æнæдауæ cæ cay тоги,
Фудмиутæн бунат адтæй.
Берæ адæн исæфт цудæй,
Цъамарти цъухи фудæй.
Баба дæр ахæcт æвудæй,
Гъулæггагæн, æрцудæй.
Æнæ фæххуæцæг сомбони,
Евгъуд бæнттæ имиста.
Æ хъисмæт хезгæй тæрхони,
Устур катай æвзурста.
Тухуаст иссæй лæкъун æ каст,
Нæ баййевгæй æ рахаст.
Фал римахста алкæд æ маст,
Устур уогæй æ нифсхаст.
Ке нæййес адзалæн мадзал,
Бæргæ зонуй алкедæр.
Фал æнæбари ист адзал,
Нæй иронхи алкæддæр.
Батæрбег куд æрцудæй мард,
Нæй абони дæр бæрæг.
Азуймаг фæууæд,æфхуард,
Фæди фæдмæ æ марæг.
Уайтагъд ниттар æй хори каст,
Нæй дуйне идзулд,райдзаст.
Ке 'рцудæй исæфт лæг æваст,
Уобæл кодта нана маст.
Æнæ цардæмбал уайсори,
Хъурмæ кодта еудадзуг.
Фал зæнæгæн ба cæ цори,
Нæ кæнидæ цæcтисуг.
Тухст дзамани æ caбийти,
Судæй мæлун нæ yaгъта.
Сæyмæй изæрмæ будурти,
Уобæл тохæй архайдта.
Ахурбæл дæр хъазауатæй,
Æ зæнæги ниббаста.
Уоййадæбæл исæнхæcтæй
Лæги фæдзæхсти фарста.
Цубур загъдӕй,ӕ фур зинтæй,
Иссæй нана фæлхард.
Фал æ авари фур кустæй,
Исуадзидæ æ фæллад.
Уæддæр уатмæ æнæбари,
Исуогæй незгун тухуаст,
Раги бахаудтæй уацари,
Нæ кæнгæй иронх æ маст.
Кодта уоми зин уодxарæ,
Исуомæл уидæ æ баз,
Игъаудтæй бонгай æ хъаурæ,
Неци ин кодта агъаз.
Мæ уарзон хуæрæ æ цори,
Койгæнæг уидæ æдзох.
Нанай цæуæтæй, зæнхи къори,
Некæд уодзæй е иронх.
Ну Ритӕмæ зæрдæдзоргæй,
Æрхунæй мæлуй мæ уод.
Берæ æнзти идард цæргæй,
Мæ уод ин кæнун нивонд!
Æгасей æргъуди кæнун,
Не суодзæй мæнæн мæ бон.
Фал ма ма зæрдæй имисун,
Нæ мади файности ном.
Нæ мади фæcмæрдæ махæн,
Кæнуй Людæ мадеуæг.
Макæд ин уæд зæрди æрхæн,
Цардамондæн æмдзæуæг.
Берæ уарзгæй нæ гъæубæcтæ,
Нæ кæcтæр yoгæй,Кермен,
Зæрдæрохсæй æд бийнонтæ,
Бабæрæг кæнуй Лескен.
Валерик нин сæрбæрзондæй,
Нæ фиди кадæ xæccуй.
Æ фарс нæбæл кæдзос зæрдæй,
Еугуребæл дæр даруй.
Ходæзмолгæй,игъæлдзæгæй,
Ирæзуй нæуæг фæлтæр.
Нæ тургъи ба цæрдæг гъазгæй,
Нæ кæcтæртæн сæ кæcтæр.
Батæрбеги ном биццеубæл,
Исæвардтан æмдзурдæй.
Дузæрдуг искæнæг уобæл,
Нæ разиндтæй æмзæрдæй.
Хæдзари кадæ cинхбæcти,
Æргомæй,ма нифс хæcгæй,
Ке не 'руаддзæнæй гъæубæcти,
Æруагæc кæнуй мæнæй.
Нури уæнгæ мæ гъæубæcтæ,
Æй зундгонд æма кадгин.
Æ цæргутæй мæ cинхбæcтæ,
Уæд æносмæ дæр зæрдгин.