Дыгъуызты Тенгиз
НÆ МЫСИНÆГТЫ БАЗЗАДИС СЫГЪДÆГÆЙ
Хæдарцаты Махарбег, Аслан æмæ Фадзайты Арсен
Ацы аз сæрды АИШ-ы горæт Атлантæйы райдайдзысты радон Олимпаг хъæзтытæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ алы Олимпаг хъæзтыты агъоммæ дæр æрымысын зынгхуыст ирон богал Хæдарцаты Асланы рухс ном.
Ехх, æвæдза, куыд дурзæрдæ æмæ æгъатыр уыдис номдзыд бæгъатыры хъысмæт, куыд бауарзта йæ цæст домбæйттæ, зæрдæхæлар лæппуйы цардæй айсын. О, æвгъау уыд мæлынæн Аслан. Цас кад æмæ ма цас намыс скодтаид йæ райгуырæн Ирыстонæн, йæ иубæстон адæмæн. Фæлæ...
Аслан æмæ йæ кæстæр æфсымæр Махарбег, стæй сæ тренер Дедегкаты Хъазыбегимæ базонгæ дæн 1987 азы. Журналисты йæ къæхтæ кæдæм нæ ахæссынц æмæ æз дæр "Рæстдзинад"-ы уæды редактор Хъаныхъуаты Валодяйы фæндонмæ гæсгæ сæрды командировкæйы ацыдтæн Ирыстоны рæсугъддæр туристон базæтæй иу – Дзинагъамæ.
Уыцы рæстæджы ам сæ фæллад уагътой Хæдарцаты æфсымæртæ сæ тренер Дедегкаты Хъазыбегимæ. Уайтагъд бахæлар стæм. Мæн дисы æфтыдта номдзыд æфсымæрты уæздан æмæ хуымæтæгдзинад, сæ зæрдæхæлар ахаст, сæ уды рæсугъддзинад.
Хæдарцаты æфсымæртæм æввахс цардтæн, æмæ-иу хур йæ был нæма сдардта, афтæ-иу уыдон уæдмæ сæ тренировкæтæ ахицæн кодтой, иумæ-иу сихор скодтам, æмæ-иу Аслан уайтагъд йæ разы нардæты фæйнæг авæрдта æмæ-иу худгæбылæй сдзырдта:
– Абон уæ чи у мæ ныхмæлæууæг, уый ма æрбадæд!
Æз-иу мæхи фæлæг кодтон æмæ-иу æрбадтæн йемæ хъазыныл, фæлæ-иу мæ уый уайтагъд амбылдта æмæ-иу цæмæй ма фæхъыг уыдаин, уый тыххæй-иу мын рæвдаугæ ме уæхскыл йæ фидæрттæ къух æрæвæрдта æмаз-иу мын мидбылхудгæ загъта:
– Уæллæй, абон мæм знонæй хъæддыхдæр фæлæууыдтæ. Афтæ куы хъазай, уæд мæ нымбулдзынæ, æвæццæгæн.
Æз-иу æй баййардтон, зæгъын, Аслан, уæддæр америкаг богал Шеры куыд абырстай, куыд ыл фæуæлахиз дæ? Аслан мæм ницы дзырдта, стæй мæ разы æрлæууыд æмæ мæ æнæнхъæлæджы уæлдæфмæ фелвæста æмæ мæ ме уонтыл цъæх нæууыл авæрдта. Æмæ худгæбылæй загъта: – Афтæ йæ абырстон. Уый фæстæ мæ фарсмæ æрбадт æмæ мын сабыр, фæлмæн хъæлæсæй радзырдта:
– Уый уыдис Японы кæронбæттæн ерысты, уæд мæ ныхмæлæууæг уыдис номдзыд америкаг богал Шер. Æвæццæгæн, алы фембæлды агъоммæ дæр, ахæм богал нæй, йæхимидæг чи нæ фæтыхсы. Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхстæн æз дæр. Зыдтон æй: уыдзæн карз спортивон тох. Мæнæй тынгдæр та тыхстысты мæ тренертæ, стæй ме 'фсымæр Махар. Дыккаг бон рахызтæн гауызмæ. Æрлæууыдыстæм кæрæдзийы ныхмæ. Æз банкъардтон, мæ ныхмæлæууæг дæр хуыздæр уавæры кæй нæ уыдис, уый. Æмæ мын уый ме 'уæнгты ныфс бауагъта. Æнцон нæ уыдис, фæлæ йыл фæуæлахиз дæн.
Хæдарцаты номдзыд бæгъатыр Асланы диссаджы хæдæфсармдзинадæн ма æвдисæн уыдис мæнæ ахæм цау. Иу изæр, турбазæйы йæ фæллад чи уагъта, уыдонæн арæзт æрцыд дискотекæ. Махар æмæ йæм æз нæхи арæвдз кодтам, Аслан та уыцы рæстæджыæрвылхаттау йæ тренер Хъазыбегимæ хъазыдис нардтæй. Аслан нын нæ фæнд куы базыдта дискотекæмæ цæуæм, уый, уæд нын цæхгæр загъта, æз нæ цæуын, зæгъгæ, фæлæ йæ уæддæр мах сразы кодтам æмæ йæ ракодтам. Дискотекæйы ирон, уæйгуытæарæзт лæппу фæцыд иу æвзонг киеваг чызджы зæрдæмæ æмæ Асланы баййардта, мемæ, дам, хъуамæ ракафай. Аслан ныфсæрмытæ ис, иу каст чызгмæ кодта, иннæ – махырдæм. Фæлæ йын украинаг къæйных чызг йæ къухыл барджын хæст ракодта æмæ йæ кафæн фæзмæ рахуыдта. Залы зæлыдысты музыкæйы зæрдæагайгæ зæлтæ, адæм иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, кафыдысты, худтысты...
Фæцис дискотекæ. Иууылдæр æддæмæ рацыдысты, кафынæй æхцон фæллад чи акодта, уыцы фæсивæд. Мах дæр рахызтыстæм æмæ сæрдыгон сатæг уæлдæф риуыдзаг сулæфгæйæ, æрбадтыстæм, агъуысты раз цы къæлæтджын фæхсбандæттæ уыд, уыдоныл. Немæ æрбадтысты, кæимæ кафыдыстæм, уыцы чызджытæ дæр. Кæд рæстæг æмбисæхсæвæй ахызт, уæддæр нæ хуыссæг никæй ахста, дзырдтам алыхуызон хъæлдзæг хабæрттæ.
Иу афон мæм Аслан æрбакаст æмæ мын барджын хъæлæсæй загъта:
– Нæ бæллиц у Олимпаг хъæзтытæ рамбулын, уыцы фæрнæйдзаг бæллиц нæ къухы куы бафта, уæд Узбекистанæй нæхи Ирыстонмæ рацæудзыстæм.
О, уыцы фæрнæйдзаг бæллиц сæ къухы бафтыд Хæдарцаты номдзыд богæлттæн. Æрцыдысты Ирыстонмæ, фæлæ Асланæн йæ цард аскъуыд автомобилон фыдбылызы.
Йæ ныгæнæн бон Асланæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ Суадагмæ æрбацыдысты мингай дзыллæтæ, йæ хæстæджытæ, хæлæрттæ, спортуарзджытæ. Æрбацыдысты Аслан-иу ерысты кæимæ æмбæлд, уыцы богæлттæ Дагестанæй, Гуырдзыстонæй, Узбекистанæй, Хуссар Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Ростовæй æмæ æндæр рæттæй. Нæ нæ ферох уыдзæнис, нæ номдзыд богал Андиаты Сосланы рустыл судзæггаг цæссыгтæ куыд уадысты, уый. Сæ цæссыгтæ калдтой Асланæн йæ иннæ хæлæрттæ дæр, номдзыд богæлттæ Зæнджиаты Виктор, Дзарасаты Тимур, Ваха Евлоев, Тедеты Дзамболат, Сиажудин Гамидов, Давид Гобеджишвили æмæ иннæтæ.
Хæдарцаты Аслан схызт спорты бæрзонд мæсыгмæ, равдыста стыр сгуыхтдзинæдтæ æрыгонæй, Асланы-иу чи федта, уыдонмæ афтæ кастис, цыма уый арфæгонд у хъысмæтæй, фæлæ спорты бæрзонд къæпхæнтæм схизын æнцон никæд вæййы. Фæндыдис Асланы Олимпаг чемпион суæвын, бинонтæ скæнын, хæдзар саразын. Фæлæ… Æрмæст йæ цыбыр царды Ирыстонæн скодта бирæ кад æмæ намыс. Æмæ кæд абон Аслан немæ нал ис, уæддæр уый нæ мысинæгты цæры сыгъдæгæй æмæ тыхджынæй, царды йæ куыддæриддæр зыдтам, афтæмæй.
"Рæстдзинад" 1996 азы 7 мартъиы