На осетинском

Миширби

Правление
Команда форума
Иронау дзуры Хугаты Гурам? Худинаг æмæ аллайаг! Цæмæн æрбахонынц телеуынадмæ ирон æвзаджы алæвæрдтæм ахæм хистæрты?!Кæстæр фæлтæрæн цы дæнц хæссы йæ цавæрдæр æнахуыр æвзаг?Раст, Къоста куыд фыста, афтæ мæстæй мæ зæрдæ нырризы!Бынтон сæфт кæнæм не *взаг! Уый фæстæ та нæ æдæмæн дæр сæ фæсмæрдæ рухсаг зæгъæг нал баззайдзæн! :cray::cray::cray:
 

Миширби

Правление
Команда форума
Kxbjp_3sSEk.jpg


ÆРВЕТÆН: https://yandex.ru/sport/event/m529614
 

Миширби

Правление
Команда форума
"ПРИРОДИ" НЕЦИ БАЛ ЕС!
... Минкъий уогæй хицæ кæнинæ хестæр скъоладзаути уæлахезтæмæ.Ке си гъуди кæнун,уони нæмттæ дæнцæн æримисун æнгъезуй.Цæмæхъати Юрик,Бадзити Славик,Æршити Арсен,Хидирти Таймораз,Цæмæхъати Сослан, ...

upload_2021-12-9_7-30-15.png


Хъæбæр æхцæуæн мин адтæй аци хабар ку бакастæн уæд! Мæ синхон,Цæмæхъати Сослан,сувæллон уогæй дæр тухгин курдиатгин лæппо адтæй спорти *здæхи! Нур, æ кари уогæй, æ спортивон ацагъуæ нæ фæкунæгдæр æй! Уомæн æвдесæн æ æртиккаг бунат нæ республики къенти тухгин еристи!
Дæ цæрæнбон берæ уæд,Сослан! Хуцау ба дин агъазгæнæг уæд дæ царди нæуæг уæлахезти!
 

Миширби

Правление
Команда форума
i


НÆУÆГ АНЗИ ГАГИДАУÆ


Нæуæг анз нæмæ *рбахуаста,
Æгас нæмæ æрцæуæд!
Адæмæн нивæ ка *рхаста,
Уæхæн иуазæг фæууæд.

Нæ зæронд анз нин евгъудмæ
Нæ фидбилизтæ хæссæд.
Нæуæг анз нин тагъд æмгъудмæ
Нæуæг хуæрзтæ æрхæссæд.

Сæ медастæу нæ адæмтæн
Куд нæбал уа тугъдон арт,
Нæ фудголтæ на арæнтæй
Куд ралæууонцæ идард.

Куд уæн,цæргæсау, сæрбарæ,
Саг-сирдау ба - æнæнез.
Куд некæд сæтта не *хсарæ,
Размæ куд кæнæн ампъез.

Куд тава нæ хори цæстæ,
Куд нæ нæ нимбæрза мет,
Фæрнæйдзаг куд уа нæ Бæстæ,
Берæ куд уа берекет.

Нæ бастдзийнадæ нæхе *хсæн
Федар куд уа, бид гæрзау,
Фурбæрзондмæ куд исесæн
Нæ æдæми ном,не *гъдау!
 

Миширби

Правление
Команда форума
upload_2022-1-30_15-55-47.png


i


Тедеты Дзамболат (нæ уарзон Джабо) канд Уæрæсейы хъæбысæйхæцгуыты иугонд коллективы сæрдар нæу, фæлæ ма у бирæ адæмты кæрæдзиуыл бастдзинады тыхуаст архайæг хъиамæтджын ирон лæг! Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны къабазтæ тынг фидар кæй сты, уым дæр бирæ аххос ис Джабойы фæрцы. Абон та йын стыр аргъ скодтой Монголийы дæр. Сæрыстыр сты ирон адæм дæуæй,Дзамболат, æмæ дæ цæрæнбон бирæ уæд!
 
Сверху