На осетинском

Миширби

Правление
Команда форума
Иуæй худæг хабар, иннæмæй...
===========
«ЦÆВ СÆ!» (Æцæг цау)
Иузаман цавæрдæр Айтеджы кой дæр рауади. Бадзи (хъуыстгонд хъæбысæйхæцæг Хъуылаты Барис) уыимæ баст цау æрымысыд.
— Айтег бæллæхы лæг уыд, бæллæхы! Хорз зæрдæ йын. О, æмæ дын мæм иуахæмы фæдисонæй мæ куысты «Спартачы» стадионы куы ’рбалæууид. Салам-малам, æмæ, дам, тагъд исчитæ, гъæйтт-мардзæ хæрын-нуазынхъомтæ, бæркад зæгъын кæмæй ферох вæййы, ахæмтæ! Циу, зæгъын, цы хабар у? Æмæ, дам, мæ дыууæ гуырдзиаджы афæлывтой — стыр хæрзты сын бацыдтæн, сæ гугын фысты сын институтмæ бахауын кодтон, æхцайы бын мæ фæкæндзыстыйы зæрдæвæрдæй. Æмæ мын хус бузныг загътой, æцæг, дам, дæ кæимæ фæнды, уыдонимæ ресторанмæ рацу!
Цæй, зæгъын, Айтег, гуырдзыйы хонинаг фестæм, мах ма сæ нæхæдæг, уæллæй... Дзурын ма мæ суагъта, сулæфын — нæ йæ зыдтат, цы! Æз дæр телефонæй лæппуты агурын райдыдтон — йæ куысты бынаты сæ иу дæр нæй. Дзарасаты Саукуыдз мæ куы фæуыдаид, зæгъгæ, кæдæм нал бадзырдтон нæ хæтæн-бадæн бынæттæй, ахæм иу дæр нал баззад, фæлæ — нæй никуы, кæмдæр денджызы цыма æрныгъуылд, уыйау. Мæнæ бæллæх: мæнæн дын æнæ Саукуыдз мæ фарсыл исты хæцыд! Хорз дын Хуыцау ракæнæд, Гиоты Хасаныл фæхæст дæн. Ацыдыстæм уалæ Арвыкомы дымæджы ресторанмæ.
Бадæм гуырдзиæгтимæ, дæлæ-уæлæ ныхæстæ нывæндæм, ныр уыцы заман Айтег та бынæй, фыццаг уæладзыджы, лæггадгæнæг чызгæн алы дзæбæх ныстуантæ кæны, æвзаргæдæр нозт æмæ хæринæгтæй цытæ хæсса нæ фынгмæ, уыдон ын бæстон амоны.
Иурæстæг куы уыд, уæд махæн, ныхас ныхас къахгæйæ, гуырдзы афтæ куы бакæниккой, сæ иу дын ома афтæ куы зæгъид:
— Цæй, ирон лæг та мын циу — ироны балхæнынæн ницы хъæуы, иннæ хабæрттæ дæр-иу уыйау æнцон куы уаиккой!
Ай, зæгъын, дæ мады дæ фыды æккой куыд ссардтай... Ныр сæ дыууæ дæр дзæбæх дынджыртæ, тынг домбæйттæарæзт, тынг — сæхицæй сæ ныфс куыннæ хъуамæ хастаиккой!
— Куыд ис, загътай, ироны балхæнæн, куыд?
— Æхцайæ, æндæр куыд. Мæнæ Айтегау...
Æз рафыхтæн, уæдæ æнхъизгæ дæр кæдмæ кодтаин? Ныр æз дæр уæд мæ тæккæ æнамонд тыхыл уыдтæн. Æмæ йын ахæм фæртт ныккодтон уыцы ирон лæджы æлхæнæгæн йæ тæккæ сыкъаты æхсæн бæстастæу, æмæ лæг фæуæлгоммæ, нæ сыхæгты фынг дæр ма йæ хъæлæсы ахаста. Уæд дын иннæ дæр бæгуы лæгау фæтæррæст ласта — уый ма фыццагæй сæвджынтæдæр уыд.
Æз уымæ дæр февнæлдтон, æмæ мæ бынаты ды куы фæуыдаис, уый бынаты та дæ фыдгул.
Хъæлæбайы уынæрмæ Айтег стахт уæлæмæ, хъæр-аралло систа:
— Бадзи! Ну что ты делаешь — это же мои гости! Цæвгæ сæ кæн! Тынгдæр сæ мыхъ лас! Бадзи! Ну перестань! Это же уважаемые гости всей Осетии! Нæмгæ сæ кæн! Ну хватит тебе!
Сау над циу, уый сын скодтон. Фæрсын рестораны хицауы, цас дæ, зæгъын, хъæуы тæбæгътæ-къустæ, æвгтæ-бандæтты сæстытæн. Æмæ, дам, фынддæс туманы. Æз дæр гуырдзиаджы дзыпп сфæлдæхтон æмæ дзы æнæхъæн тыхтон фондз æмæ ссæдзгай сомтæй. Рестораны зиантæм дзы фондз æмæ ссæдз туманы банымадтон, иннæтæ йын фæстæмæ йæ дзыппы ныннадтон — адæм нæм кастысты, уæдæ нæ кастысты! Адон та дыууæйæ дæр фæлдæхтытæй лæууынц, хъæрзынц, нæтынц. Нæхи айстам уырдыгæй, æндæр уæдæ цы...
Гъе уый та уын Айтеджы хуынды хабар. Уæдæй фæстæмæ æз йæ фæдыл никуал ацыдтæн, фæлæ уæддæр хорз лæг уыди, рухсаг уæд!..
(Гусалты Барисы чиныгæй, 04.08.00)
 

Миширби

Правление
Команда форума
https://vk.com/videos-89402894?z=video-89402894_456239047/pl_-89402894_-2

Турки Дигори адæмбæл æмдзæвгæ ! Евгъуд æностæй".

Евгъуд тар æностæ
Адæми зин цард,
Æд æгтæ,æд къостæ
Лигъдæнцæ идард!

Размæ æмпурстонцæ
Фæстæмæ кæсгæй,
Хуцаумæ кувтонцæ
Уæззау уаргъ хæсгæй!

Сæ рагъи хастонцæ
Сæ намус,се гъдау,
Цæстисуг калдтонцæ
Надбæл æнæвгъау!

Цудæнцæ,мардæнцæ,
Уидæй игурдта,
Турки æрцардæнцæ
Уоми *нцæ нур дæр!

Тагъд,дæ бæхау, дзорунцæ
Ледзагæй рæстæг,
Нур дæр ма зонунцæ
Сæ тог,сæ хæстæг!

Нæ хуæртæн,æнсувæртæн
Ездон æй сæ конд.
Фиддæлтау сæ сæртæ
Хæссунцæ бæрзонд!
 
Последнее редактирование:

Миширби

Правление
Команда форума
opredelenie_azimuta.jpg


"ПРИРОДИ" НЕЦИ БАЛ ЕС!

Еу рагон хабар мæ ракæнун фæндуй.Рагон,зæгъгæ,цæмæ зæгъун?Уомæн, æма а фæстаг рæстæг еуæй-еу хатт мæхе "динозаврти" дзамани игурд адæймаг рангъæлун.Раздæр рæстæги фингæбæл бадт ку рауаидæ,уæд барвæндонæй махе,куд кæстæр,уотæ финги сæрæй ратиллеф кæнинæ æ кæронмæ.Нур ба фулдæр хæттити,мæ карæмæ гæсгæ, фæсевæди мæ сæр багъæуй финги хестæрæн! Æригон уогæй мæмæ уотæ кæсидæ,ома зæгъдзинан,цума XX партсъезд,Гагарини тахт космосмæ,Египети фараонти дзаман,æма Араббаг халифат еци еу хъæбæр рагон рæстæги цаутæ æнцæ. Хатир никкæнтæ,фал мæмæ дессаг нæ фæккæсдзæй,кæд миййаг нур ба мæ кæстæр фурт мæн хузæн, æвæдзи, СССР цæрæг адæм,Ельцин ма Горбачеви дæр еци рагон дзамани цæрæг адæми хæццæ хъæбæр рагон афони цæрæг адæмбæл нимайуй.Фал мæ дзубанди æндæр гъуддагбæл æй.
Скъоладзау уогæй хъæбæр хуарз гъуди кæнун мах (Лескени) скъолай æфсæддон,патриотикон æма спортивон ахуради уагæвард куд кадгин,куд тухуаст карз ивæрд адтæй уой.Раст зæгъгæй,нур куд ивæрд æй еци хуарз фарста,уой ба нæ зæнун.Фал мæн рæстæги ба"Зарница",КВН,турслет,баскетбол,хъæбæр уæлиау ивæрд адтæнцæ.Барвæндонæй,устур разæнгардæй сувæллæнтти хæццæ архайдтонцæ нæ ахургæнгутæ Хъизинти Иса,Цъеути Муса,Хидирти Мухаджир,...æма уони разамундæй,уони фæрци Лескени скъоладзаутæ фиццаг бунæттæ райсиуонцæ айдагъ райони нæ,фал Республики еристи дæр.Лескени фæсевæдæн нæ Республики турслёти еристи анзæй-анзмæ нихкъуæрд дæр нæ уидæ.Хъæбæр цæттæ хъæтæф къуар уидæ Лескенæн алкæддæр,æмармæй архайиуонцæ
æма æнæкъулимпийæй рамолионцæ!Еунæг Елхоти гъæуи скъоладзаутæ еуæй-еу хатт бавзарионцæ,дан,карз нихмархайд раттун,фал фулдæр хæттити не 'cхъаурæ кæнионцæ лæгæй-лæгмæ.Фæлтæрæй-фæлтæрмæ Майрамадаги ци еристæ цæуидæ,уордæги уæлахезæй æрæздæхионцæ не скъоладзаутæ.Минкъий уогæй хицæ кæнинæ хестæр скъоладзаути уæлахезтæмæ.Ке си гъуди кæнун,уони нæмттæ дæнцæн æримисун æнгъезуй.Цæмæхъати Юрик,Бадзити Славик,Æршити Арсен,Хидирти Таймораз,Цæмæхъати Сослан,æма иннæ хестæр скъоладзаути ацъагъуæ мæмæ кастæй нæртон дæсниадæ!Уæдмæ æз мæхуæдæг дæр райрæзтæн,æма еу афони не скъолай къаманди иуонг исдæн.Нæхе цæттæ кодтан Майрамадаги республикон еристæмæ.Туристон пъалаткæ цурд райтинг кæнун,азимут исбæрæг кæнун,гъæдæцох,цъунгъуз æма æрдзи æндæр бунæтти
нивæзт искæнун,æма берæ æндæр дæсниадтæбæл нæ тухуаст тæлхæрæй ахур кодтонцæ скъолай ахургæнгутæ.Еу уалдзигон бон ба нæ Хъизинти Иса фæлласта бæлвурд æмбурдуатмæ-Шекери хæсдзæгатмæ,кæми гъæуама нæ райони еристæ цудайуонцæ.Мах си архайдтан æнæ конкурсæй,Еци еристи рæстæг, абони уæнгæ дæр мæ зæрди байзадæй æнæсцæугæ тæлмæнæй еу цау.Еу спортивон этапи махæй архайдта нæ къаманди иуонг-Тахъазти Федар (æхуæдæг мин уодзæй æвдесæг!).Федар азимут бæрæггæнæнтæй æрдзи медæг гъæуама исбæрæг кодтайдæ ести æрдзон бунати менеуæг-ести азгъунст,хед,куройнæ,уæрæх къадогун бæласæ,ласæг,цъина,кенæ æндæр ести.Еристи хецауадæ аци этапи дзангиат тæрхонгæнæгæй ниввардта хæзнидойнаг скъолай хъæппæрес ахургæнæг Сехъоти Казбеки,кæций Лескени скъолай уæлахезтæ "маргæ" кодтонцæ,уомæн æма анзæй-анзмæ æ уодæй уод,дан, кодта Лескени скъолай хæццæ æмвæзнæ ун,фал си уайгæ ба неци кодта.
Уомæ гæсгæ,Федари радæ ку ралæудтæй,уæд ин Сехъой фурт барæй мæнгæ координаттæ равардта.Федар æ хъибиллæ фелваста,райаразта,æма цæргæсау йæ алфамбулайтæмæ æркæститæ кодта,æма нецæбæл исцурæвæрæй Сехъой фурт ин ци координаттæ равардта уонæмæ гæсгæ.Кæд фæррæдудтæн,зæгъгæ,Федар нæуæгæй ма еу хатт бавзурста æ фарста исаразун.Ку си неци рауадæй,уæдта сабурæй Сехъой фуртæн балæдæрун кодта æ фæндон.Сехъой фурт,æвæдзи,уæхæн дзуапп хизта Федарæй,ма 'й ку фегъуста,уæд цурдæй æ финдзирагъæй æ кæсæнтæ фелваста,æ рахес къохи дзиамбас арви сæрмæ ракъети хузæн фехста,æма арви нæруни хузæн нигъгъæр кодта: - "ЛЕСКЕН НОЛЬ! ПРИРОДИ НЕЦИ БАЛ ЕС! ЛЕСКЕН НОЛЬ!".Хæзнидони æма Лескени еци цъæхахст ай-гъай неке фегъуста,фал мæмæ уотæ кæсуй,цума Сехъой фурти гъæр Шекери тæккæ гъурукъи цæрæг адæм дæр фегъустонцæ. Фудæзнаг дæр æ нихмæлæугути бундзагъд ку никкæнуй,уæддæр Сехъой фурт куд цийнæ,уотæ цийнæгæнæг адæймаг æз нури уæнгæ дæр некæд фæууидтон.Федар ба æ дуйней дæр сабур,коммæгæс лæппо адтæй,фал æвæдзи,Сехъой фурти æверхъау миутæ ку фæууидта,уæд фиццаг фегуппæг æй,фал æхебæл фæххуæстæй,ма карз мæстхузæй,тæлтæгæй æ рæстдзийнади сæрбæл Сехъой фуртмæ исбуцæу æй.Куд фæззæгъунцæ,хъелдзæуагæбæл хъæлдзæуагæ исæмбалдæй!Хуарз æма еристи сæйраг тæрхонгæнæг хæстæг рауæн разиндтæй,æма афойнадæбæл фарста раст ниллух кодта мах пайдайæй.Мæ синхон,Тахъазти Валерик (Балеккæ а фæсномуг) берæ æнзти гъæуи ку фæййеуиуанæ,уæд арæх æримисидæ еци цау!Аци изæр мæ зæрди æрæфтудæй,æма 'й ниффинстон.
 
Последнее редактирование:

Миширби

Правление
Команда форума
Хæдæгай,Тахъазти Валерик (Балеккæ) æй футболист Тахъазти Сослани фидæ.Сослани гъæуама зононцæ футболуарзгутæ.Нури рæстæг "Тамбови" иуонг æй.
 

Миширби

Правление
Команда форума
Спорты стыр бæрæгбон Дзæуджыхъæуы.

Дыууæ боны дæргъы Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуаны къах бавæрæн нæ уыди спортуарзджытæй. 7-8 декабры райсомæй суанг 21 сахатмæ ам уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты амæй-ай цымыдисагдæр фембæлдтытæ. Дунейы 21 бæстæйæ Ирыстонмæ цы 240 богалы æрбацыд, уыдон тох кодтой дунеон турнир "Алантæ"-йы уæлахиздзауы кадджын ном рамбулыныл.

Турнир ""Алантæ" æртæ азы размæ арæзт æрцыд нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Уæд йæ фарсмæ æрбалæууыдысты нæ зындгонд богæлттæ Фадзайты Арсен, Таймазты Артур, Уæрæсейы хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили, Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат æмæ сæ иумæйаг архайдæй хъуыддаг арæзт æрцыд. Ацы аз турнир цыди æртыккаг хатт, æмæ фидарæй зæгъæн ис, йæ ахадындзинад азæй-азмæ тыхджындæр кæй кæны, уый. Турнир хаст æрцыд Дунеон хъæбысхæсты иугонды хыгъдмæ æмæ уыдзæн рейтингон, ома, ам йæхи хъомысджынæй чи равдиса, уымæн лæвæрд цæудзæн дунейы чемпионаттæ æмæ Олимпаг хъæзтытæм бахауыны хыгъдмæ рейтингон баллтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм турнир аразын у стыр бæрнон хъуыддаг æмæ нæ республикæйæ домы алцыдæр дунеон фæткы домæнтæм гæсгæ аразын. Нæ уазджытæй бирæтæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ турнир аразджытæ сæ домæнтæ æвзæр не 'ххæст кæнынц. Хъæбысхæсты дунеон иугонды делегат Карол Левковскийы зæрдæмæ тынг фæцыд, турнир куыд арæзт æрцыд, уый. Нæ польшæйаг уазæджы зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыди, спортуарзджытæ богæлттæм куыд зæрдиагæй кастысты æмæ сын сæ архайдыл куыд цин кодтой, уый. "Уæ спортуарзджытæ хъæбысхæсты алы фæзилæнтæ дæр куыд зонынц, уый зыны, богæлтты архайдæн куыд аргъ кæнынц, уымæй. Залы чи бады, уыдон цыма иууылдæр сæхæдæг хъæбысæйхæцджытæ сты, афтæ зонынц, ерысты фæтк", — загъта Карол Левковски. Ерыстæ гом кæнгæйæ, Ирыстоны уазджытæн, спортуарзджытæн æмæ ерысты архайджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Битарты Вячеслав РЦИАланийы паддзахадон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта: Тедеты Дзамболаты (орден "Ирыстоны Намыс"- æй, Михаил Мамиашвилийы (майдан "Ирыстоны намысæн"-æй). Ноджы ма Цæгат Ирыстоны паддзахадон грамотæтæй хорзæхджын систы нæ уазджытæ: Магомед Ахмадов, Еленæ Бибикова, Алексей Майоров, Сергей Меликов, Вячеслав Ноговицын, Давид Гобеджишвили. Бибылты Анатоли дæр Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæрзиуæг "Хæлардзинады орден"-æй схорзæхджын кодта Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутаттæ Алексей Майоров æмæ Омар Муртузалиевы. Турнирмæ арфæйы фыстæг сæрвыста Уæрæсейы Федералон Æмбырды сæрдар Валентинæ Матвиенко. Зæрдиаг арфæ ракодта Битарты Вячеслав æмæ залы адæмæн Михаил Мамиашвили: "Æз мæхи амондджыныл нымайын, ахæм зынаргъ хæрзиуæг мын мæ уарзон Ирыстоны кæй саккаг кодтой, уый тыххæй. Дарддæр дæр æххуыс кæндзынæн, нæ уарзон спорты пайдайæн Ирыстоны цы хъæугæ хъуыддæгтæ арæзт цæуа, уыдон саразынæн". Бæрæгбон сæ аивадæй срæсугъд кодтой Ирыстоны аивадон ансамбл "Дзæуджыхъæуккаг алантæ","Хæхты сывæллæттæ", "Ирон героикон зарджыты къорд, паддзахадон ансамбл "Алантæ"æмæ нæ зындгонд зарæггæнæг Тайсауты Олег. Ерыстæ куыд цымыдисаг рауадысты, ууыл дзурæг уыди, залы спортуарзджытæн бынæттæ лæууынæн дæр кæй нæ фаг кодта, уый. Бирæтæн мидæмæ бацæуынын фадат дæр нал уыд æмæ уынджы лæугæйæ баззадысты сæдæгай адæймæгтæ. Богæлттæ цы дæс уæзы хæцыдысты, уыдон се 'ппæт дæр гауызмæ рацыдысты фыццаг бон æмæ изæры 21 сахатмæ сбæрæг кодтой дыккаг бон æрдæгкæронбæттæны цы цыппæргай богæлттæ хæцдзысты, уыдон. 8 декабры ерыстæ райдыдтой райсомы 10 сахатыл æмæ æппæт фембæлдтытæ дæр уыдысты амæй-ай хъазуатондæр. 57 кг онг уæзы кæронбæттæнмæ рацыдысты уæрæсейаг Ахмед Идрисов æмæ монгойлаг Ерденбат Бехбайар. Сæ фембæлд ахицæн 5:2 хыгъдæй Ахмед Идрисовы пайдайæн. Ацы уæзы 3-аг бынæттæ бацахстой ирон богæлттæ Тускъаты Азæмæт æмæ Сабанты Алыксандр. 61 кг онг уæзы цыппар хæрзиуæджы дæр рамбылдтой дагестайнаг богæлттæ: 1-аг Рамазан Ферзалиев, 2-аг Абасгаджи Магомедов, 3-аг бынæттæм та рацыдысты Зелимхан Абакаров æмæ Шамил Омаров. 65 кг онг уæзы ирыстойнаг спортуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта 2016 азы Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау æмæ дунейы чемпион Рæмонты Сослан. Нæ зындгонд богалæн, дзæвгар рæстæг йæ цæфтæ кæй дзæбæх кодта, уый аххосæй йе 'ппæт гæнæнтæй спайда кæнын йæ къухы нал æфтыд. Ныр "Аланты" турниры куыд рахæцыд, уымæй ныфс бауагъта йæ иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæты, иннæ аз ын ноджы æнтыстджындæр кæй рауайдзæн, уымæй. Кæронбæттæны Сослан 3:0 хыгъдæй рамбылдта тыхджын ныхмæлæууæг Курбан Шираевæй æмæ бацахста 1-аг бынат. Ацы уæзы 3-аг бынæттæм рацыдысты Сайын Казырык (Уæрæсе -Тывæ) æмæ Сиразиддин Хасанов (Узбекистан).Рæмонты Сосланы ерыстæм бацæттæ кодта Уæрæсейы сгуыхт тренер Мæргъиты Анатоли. Ирон богæлттæ фесгуыхтысты 70 æмæ 74 кг онг уæзы дæр. Тынг сæрæн хæст ракодта 70 кг онг уæзы Дзукъаты Кахаберы хъомылгæнинаг Уалыты Чермен. Йæ цыппар ныхмæлæууæгæй дæр куы рамбылдта, уæд кæронбæттæны фембæлд дагестайнаг богал Рамазан Рамазановимæ. Сæ хъазуатон ныхмæлæуд ахицæн Чермены пайдайæн 4:2 хыгъдæй æмæ Уалыйы фырт ссис турниры уæлахиздзау. 3-аг бынæттæм та рацыдысты Евгений Жербаев æмæ Руслан Богатырев (Уæрæсейæ). Тынг цымыдисаг æмæ хъазуатон тохтæ цыди 74 кг онг уæзы хæцæг богæлтты 'хсæн дæр. Ацы уæзы дунейы чемпион Цæболты Хетæг æмæ АИШ-ы чемпион Джеймс Грин сæ фæйнæ цыппар ныхмæлæууæгæй куы рамбылдтой, уæд кæронбæттæны фембæлдысты 1-аг бынат бацахсыныл тохы. Америкаг богал тынг фидарæй бæргæ фæлæууыд Цæболы фырты ныхмæ, фæлæ сæ тох ахицæн 7:4 хыгъдæй Хетæджы пайдайæн. Сæ уæзы 3-аг бынæттæ бацахстой уæрæсейаг богæлттæ Гаджимурад Алихмаев æмæ Тимур Бижоев. 79 кг онг уæзы 1- аг бынатыл кæронбæттæны ерысы бацыдысты Хуыбецты Кахабер æмæ Халил Аминов. Ацы ныхмæлæуды дыууæ æмдых богалæй йæ хал схауд Аминовæн. Сæ фембæлд ахицæн 8:6 хыгъдæй йæ пайдайæн. Хуыбецты Кахабер бацахста 2-аг бынат. Нæ иннæ богал Уалыты Радик æмæ Ахмед Усманов та бацахстой 3-аг бынæттæ. 86 кг онг уæзы 1-2 бæнæттæ бацахстой ирон богæлттæ Кцойты Сослан (Уæрæсе) æмæ Рубайты Георги (Молдова). Сæ дыууæ дæр кæронбæттæны размæ тынг сæрæн хæст ракодтой сæ ныхмæлæуджытимæ,æмæ сæ куы рамбылдтой, уæд фембæлдысты 1-аг бынатыл тохы. Рубайты Георги уæндонæй атындзыдта размæ, фæлæ Кцойты Сослан тынг къæрцхъус фæлæууыд æмæ йæхæдæг хорз спайда кодта Георгийы рæдыдтытæй. Сæ фембæлд ахицæн Сосланы пайдайæн æмæ уый ссис турнир "Алантæ"-йы уæлахиздзау, Рубайты Георги та бацахста 2-аг бынат. Сæ уæзы 3-аг бынæттæм рацыдысты Уалыты Владислав æмæ Магомедшариф Биакаев (дыууæ дæр Уæрæсейæ). Тынг цымыдисаг тохтæ цыди 92 кг онг уæзы. Цæкулаты Батырбег рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй, фæлæ æрдæгкæронбæттæны ирайнаг богал Мохаммад Ебрахимийæн кæй фæхæрд, уый аххосæй ма йын уыд 3-аг бынатыл тох кæныны бар. Батырбег æмæ Анзор Уришев бацахстой 3-аг бынæттæ. 1-2 бынæттæ та бацахстой Магомед Курбанов (Уæрæсе) æмæ Мохаммад Ебрахими. Ацы ран диссаджы амондджын рауад Магомед Курбанов. Суанг фæстаг секунды онг разæй цыд ирайнаг богал, фæлæ ма фембæлды кæронмæ 2 секунды куы баззад, уæд Курбановæн бантыст йæ ныхмæлæууæгæй 2 баллы рамбулын æмæ 1-аг бынат бацахсын. Спортуарзджытæ тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты, 97 кг онг уæзы кæронбæттæны чи хæцыд, уыцы богæлтты рацыдмæ. Уыдон та уыдысты америкаг богал, Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау æмæ дунейы дыууæ хатты чемпион Кайл Снайдер æмæ Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер Байцаты Владислав. Сæ ныхмæлæуд ахицæн Снайдеры пайдайæн 5:2 хыгъдæй. Æрдæгуæззау уæзы 3-аг бынæттæм рацыдысты Елизбар Одикадзе (Гуырдзыстон) æмæ Александр Гуштын (Беларус). Ерысты кæрон сбæрæг уæззау уæзы (125 кг) уæлахиздзау. Ацы уæзы цы ссæдз богалы хæцыди, уыдонæй кæронбæттæнмæ рацыдысты Гæззаты Батрадз æмæ бурятаг богал Балдан Цыжипов. Уымæй размæ сæ дыууæ дæр равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ æнæдызæрдыгæй фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл. Уыдоны 'хсæн та уыдысты тыхджын богæлттæ, куыд Уæрæсейæ, афтæ АИШ-æй, Иран æмæ æндæр бæстæтæй. Гæззайы-фырт кæронбæттæны тохы дæр равдыста уæлахизмæ стыр тырнындзинад æмæ йæ ныхмæлæууæгæй рамбылдта 10:0 хыгъдæй. Афтæмæй, Батрадз ерыстæн скодта рæсугъд кæронбæттæн. Уæззау уæзы 3-аг бынæттæм рацыдысты Амир Хусейн Заре (Иран) æмæ Магомедгаджи Нурасулов (Уæрæсе). Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæн лæвæрд æрцыд майдантæ, грамотæтæ æмæ æхцайы лæвæрттæ. Ерыстæ куыд ацыдысты, уымæй разыйæ баззадысты спортуарзджытæ æмæ хъæбысхæсты спорты кусджытæ. Ёнæмæнг турнир "Алантæ" у стыр фæзынд Ирыстоны спортивон царды æмæ дарддæр дæр не спортуарзджытæн æхсызгондзинад кæй хæсдзæн, уый гуырысхойаг нæу.

hXu9TkvOdsQ.jpg


БАСКАТЫ Уырызмæг
 

Миширби

Правление
Команда форума
Хуарз æма уæддæр Турки æма Япони ес сæ падздзахадон еристæ,æндæр ба цæбæл финстайнæ нæ Форуми?!

Дзæгъæлбадæ цæмæй ма кæнон,уомæй еуæй-еу хатт мæ царди цаутæ æримисун.æма сæ гæгъæдий ниффинсун:

ТУТА БÆЛАСÆ.

Берæ æнзти Лескени гъæуи,нæ хæдзари колдуартти рази, рахезæрдæги гъæунги ирæзтæй тута бæласæ.Кæд арæзт æрцудæй,æма 'й ка ниййаразта уой нæ гъуди кæнун.Фал дессаги бæласæ разиндтæй!Нæ гъæуи уæди рæстæги берæ тута бæлæстæ адтæй.Хъæбæр бæрзонд ирæзтæнцæ,фал мах рази чи бæласæ адтæй йе ба сæрмæ цæмæндæр гæсгæ нæ кумдта ирæзун.Ниллæгæй байзадæй,фал æ цæмæдес уой медæги адтæй,ма иннæ бæлæсти хæццæ рабаргæй æ тиллæг лæвардта уалдзæги райдайæнæй сауæнгæ зумæги уæнгæ!Æ еу гагатæ ку исрæгъæд уи уонцæ,уæд иннетæ ба айдагъдæр бал дзæгæрæг кæнионцæ.Уотемæй ибæл æрзумæг уидæ.Æ гагати адгиндзийнадæ ин айдагъ нæ синхи сабитæ ма хестæр фæсевæд нæ бавзурстонцæ.Мах рæзти скъоламæ берæ сувæллæнттæ хаттæй,ма æвæджи си алке дæр исахуадæ кодта.Еу кæми адтæй,уæдта и бæласæй ни синхонти биччеу æрхаудтæй.Раст зæгъгæй уæхæн цаутæ арæх уидæ,уомæн æма и минкъий бæласæмæ кезугай нæ хизтæнцæ.Сувæллæнттæ, куд фæууй, уæтæ зудæгæнгæй æмхузонæй арæх исхезионцæ еу дæсемæй фулдæр.Ма сæ и бæласæ нæбал ниуурамидæ.Биччеу,æрхаугæй хъæбæр фæрризтæй,фал æхе ниффедар кодта,ма æ кæунгъæр не 'рцудæй.Еци афонæ ба тургъæй рацудæй мæ фиди æнсувæр Ехйа,ма фиццаг хъæбæр фæттарстæй,фал ку æркастæй ма ку балæдæрттæй биччеу фидбилизæй ервæзт æй,уæдтæ ходæзмолгæй имæ дзоруй:- Ду ба дан Тубудзийæй дæр нивгундæр разиндтæ,зæгъгæ.Махмæ дессаг фæккастæй,Тубудзи ба ка æй зæгъгæ? Неке ин æ ном фегъуста,нæй зудтан ка адтæй ечи Тубудзи.Ма нин Ехйа зæрдигъалæй Тубудзий хабар ракодта.Ома дан,тута бæласæбæл цардæй æстæвдтæ арæзт нард золкъæ.Æ гури кондмæ гæсгæ 'й худтонцæ ТУБУДЗИ! Тутай фæлмæн цъæх сифтæ адтæнцæ æ мийнасæ æма хуссæн дæр.Еу сифæй æхе ку нифсадидæ,уæд иннæ сифтæбæл ба æ уолæфт исуадзидæ.Æнæмæтæ бохъ цардæй фæйнердæмæ ниннæрстæй.Еу сæрдигон фæсуарун бон ба æвеппайди хуæнхтæрдигæй дунгæ æ цорти æргъазта,ци къадобæл бадтæй,уой ин расаста,æма Тубудзийæн æ тъæпп фæццудæй бæласи рæбун зæнхи цъифдзасти.Кæркитæ ймæ бауадæнцæ ранихъуæруни фæндæй,фал, æ нивæн,еу дори буни зихъир разиндтæй,æма æхе уоми раримахста.Е 'знæгтæ ку райдард æнцæ,уæд æ римæхсæнæй ралæстæй,цъифдзасти банакæ кодта æма тухтæ-фудтæй бæласæмæ нæуæгæй исбурдæй.Уайтагъд бæласæбæл цæргутæ æрбамбурд æнцæ æ фалдзос æма 'й фæрсунцæ,дæ балци куд рауадæй,зæгъгæ.
Тубудзи æ къæджелæ бæрзонд ниргъувта,уотемæй райдæдта дзорун:
- Дунгæ мæ раст Сау денгизи астæу æргæлста.Уоми ба мæбæл æфсæнбазур цæргæстæ сæхе никкалдтонцæ.Æз дæр син мæ къæджелæй сæ сæртæ рахуастон æма ледзæги фæцæнцæ.Денгизи æрфити æрбанакæ кодтон æма мæ мæнæ уинетæ уæ цори.
Игъосгутæ Тубудзий сосæггæй сæ сæртæмæ райамонионцæ,гъома,дан фуртæссæй фæккиудтæй,зæгъгæ.
Еци таурæхъ нин Ехйа ку ракодта, уæд мах ходунæн кæрон нæбал адтæй.Нæ синхонти биччеу ба и фур ризт феронх æй!

1-8.jpg


0372de94bb12914e361e24020ccbdd4c.jpg
 
Последнее редактирование:

Миширби

Правление
Команда форума
Таурӕгъон богалы кадӕн


DSC09455.jpg



Ирыстоны спортивон кад фыццагдӕр дунейыл чи айхъуысын кодта, уыцы таурӕгъон лӕгтӕй иу уыд ССР Цӕдисы спорты сгуыхт мастер Хъуылаты Бадзи.

Хъуылаты Бадзи уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уыд Советон Цӕдисы цыппар хатты чемпион, къорд хатты уыд Уӕрӕсейы чемпион, 1955 азы ссис дунеон Универсиадӕйы уӕлахиздзау, 1956 азы та Олимпаг хъӕзтыты рамбылдта ӕвзист майдан. Уый уыд Ирыстоны спортсменты фыццаг ахӕм стыр ӕнтыстдзинад.

Хъуылаты Бадзи дӕс азы дӕргъы уыд Советон Цӕдисы иугонд командӕйы капитан. Йе стыр спортивон ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй йын саккаг кодтой «Советон Цӕдисы спорты сгуыхт мастер»-ы кадджын ном. Уыцы кадджын номӕй Ирыстоны спортсментӕй фыццагдӕр хорзӕхджын чи ссис, уый уыд Хъуылаты Бадзи.

Бадзи йе ‘ппӕт цард дӕр сбаста спортимӕ. Бирӕ азты тынг зӕрдиаг куыст фӕкодта нӕ республикӕйы стадион «Спартачы», уый фӕстӕ та спортивон галуан «Манеж»-ы директорӕй. Уый уыди ӕцӕг таурӕгъон богал. Йе ‘мбӕлттӕ Бестауты Алымбег, Дзахсораты Тауызбег, Бекмӕрзты Михал, Кучиты Аслӕнбег, Тедеты Елхъан, Киситы Юри ӕмӕ иннӕтимӕ акъӕртт кодтой Ирыстоны фӕсивӕдӕн фӕндаг спорты стыр бӕрзӕндтӕм.

2008 азы Бадзи цардӕй куы ахицӕн, уӕд, бирӕ азты разамынд цы спортивон галуанӕн лӕвӕрдта, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд Хъуылаты Бадзийы ном. 19 декабры галуанмӕ ӕрбацӕуӕны размӕ цы фӕз ис, уырдӕм ӕрбацыдысты йӕ хиуӕттӕ, йе ‘мбӕлттӕ, йе ‘мкусджытӕ, спортуарзджытӕ. Уыцы бон спортивон галуанмӕ бахизӕн къулыл гомгонд цыд Бадзийы номарӕн фӕйнӕг йӕ сурӕтимӕ.

Фӕйнӕг кадджын уавӕры гомкӕныны мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Фӕрниаты Тамерлан, нӕ республикӕйы физкультурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Алан, Хъуылаты мыггаджы минӕвӕрттӕ. Тускъаты Таймураз ӕмӕ Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Тауытты Валери сӕ раныхӕсты фӕнысан кодтой, Хъуылаты Бадзи Ирыстоны спортивон историйы цы стыр фӕд ныууагъта ӕмӕ, йӕ ном йӕ удӕгасӕй таурӕгъон кӕй ссис, уыдӕттӕ. Номарӕн фӕйнӕг байгом кодтой Тускъаты Таймураз ӕмӕ Бадзийы чызг Зӕлинӕ.

Хъуылаты мыггаджы номӕй, ацы мадзал арӕзт кӕй фӕрцы ӕрцыд, уыдонӕн зӕрдиаг арфӕ ракодта Хъуылаты Уырысби.

Бадзийы бинойнаг Хъуылаты-Санаты Азӕ йӕ арфӕйы ныхасы загъта: «Стыр бузныг зӕгъын нӕ бинонты номӕй Битарты Вячеславӕн, Тускъаты Таймуразӕн ӕмӕ ма сӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, уыдонӕн, ацы номарӕн цӕмӕй срӕвдз уа, ууыл кӕй бацархайдтой, уый тыххӕй. Бузныг зӕгъын скульптор Сабеты Георгийӕн дӕр. Уый Бадзийӕн йӕ цырт саразӕг уыд ӕмӕ та ныр дӕр бацархайдта зӕрдиагӕй. Бадзи сыл цардаудӕн кӕнӕд».

19-12-19-17.jpg


Баскаты Уырызмӕг
 

Миширби

Правление
Команда форума
Ерыстӕй ссардтой Кӕсойты Сократы рухс ном
26.12.2019



Ацы аз ССР Цӕдисы сгуыхт тренер, дунеон къласы спорты мастер самбо ӕмӕ дзюдойӕ Кӕсойты Сократы райгуырдыл сӕххӕст 80 азы. Хъыгагӕн, 21 азы размӕ Сократы цард ӕвирхъауӕй аскъуыд.

Ӕртӕ азы размӕ йӕ кӕддӕры хъомылгӕнинӕгтӕ, йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ сарӕзтой йӕ номарынӕн ерыстӕ самбойӕ. Турнир райрӕзти, ӕмӕ йӕм ныр Дзӕуджыхъӕумӕ цӕуын райдыдтой сыхаг республикӕтӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы иннӕ рӕттӕй дӕр. 21-22 декабры Кӕсойты Сократы 3-аг номарӕн турнир цыди спортивон комплекс «Динамо»-йы. Архайдтой дзы Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, Кӕсӕг-Балхъары, Цӕцӕны, Мӕхъӕлы, Хъалмыхъы республикӕты, Астрахан ӕмӕ Волгограды облӕстты ӕрыгон (2003-2004 азты гуырд) самбисттӕ.

Ерыстӕ аразӕг сты Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администраци ӕмӕ спортивон клуб «Ирыстоны самбо».

Турнир гом кӕнгӕйӕ спортсментӕ ӕмӕ уазджытӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодтой: Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Фӕрниаты Тамерлан, Кӕсойты Сократы фырт Станислав ӕмӕ ерысты сӕйраг тӕрхонгӕнӕг ветеранты ӕхсӕн дунейы чемпион Сихъоты Николай.

Самбойӕ ерыстӕ рауадысты тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Хорз цӕттӕдзинад равдыстой къорд ӕрыгон самбисты, куыд ирыстойнӕгтӕ, афтӕ нӕ уазджытӕ дӕр. Сихъоты Николай ӕрыгӕттӕ цы арӕхстдзинад равдыстой, уый тыххӕй загъта: «ӕнӕмӕнг азӕй-азмӕ ӕрыгон самбистты цӕттӕдзинад хуыздӕргӕнгӕ цӕуы. Ацы ран мах федтам, ныридӕгӕн хорз сгуыхтдзинӕдтӕ чи равдыста, ахӕм цалдӕр лӕппуйы. Зӕгъӕм, йӕ карӕнты ‘хсӕн Уӕрӕсейы 1-аг бынат чи бацахста, уыцы астрахайнаг самбист Иван Спиваков 50 кг онг уӕзы кӕронбӕттӕны фӕхӕрд Козаты Аланы хъомылгӕнинаг Андиаты Сӕрмӕтӕн тынг хъазуатон тохы. 65 кг онг уӕзы дӕр ерыс кодтой цалдӕр ӕмдых самбисты. Ам Мӕхъӕлы республикӕйы минӕвар, ацы аз Уӕрӕсейы 2-аг бынат бацахсӕг Беслан Кациев ссис турниры уӕлахиздзау. Иу ныхасӕй, нӕ номдзыд спортсмен ӕмӕ тренер Касойты Сократы номарӕн турнир рауад цымыдисаг».

Турниры уӕлахиздзаутӕ систы:

42 кг — Алимбег Шадов (Кӕсӕг-Балхъары республикӕ),
46 кг — Алексей Кожихов (Хъалмыхъы республикӕ),
50 кг — Андиаты Сӕрмӕт (йӕ тренер Козаты Алан),
55 кг — Колыты Тамерлан (йӕ тренер Колыты Игорь),
60 кг — Дзотты Давид (йӕ тренер Колыты Игорь),
65 кг — Беслан Кациев (Мӕхъӕлы республикӕ),
70 кг — Даниил Костюков (Волгограды облӕст),
75 кг — Ногъайты Олег (Хуссар Ирыстон), йӕ тренер Хъоцыты Тамерлан),
87 кг — Джафар Алиев (Хъалмыхъы республикӕ),
+ 87 кг — Муслим Якубов (Цӕцӕны республикӕ).

Командӕты ‘хсӕн 1-аг бынат бацахстой Цӕгат Ирыстоны самбисттӕ. Нӕ лӕппутӕ фондз хатты бацахстой 1-аг бынӕттӕ, фондз хатты рацыдысты 2-аг бынӕттӕм, аст хатты та уыдысты 3-аг бынӕтты. Командон 2-аг бынат бацахстой Волгограды облӕсты самбисттӕ, 3-аг та ссис Кӕсӕг-Балхъары командӕ.

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕ хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты майдантӕй, кубоктӕй, дипломтӕй ӕмӕ грамотӕтӕй. Фыццаг бынӕттӕ бацахсджытӕн ерыстӕ аразджытӕ саккаг кодтой сӕрмагонд лӕвӕрттӕ.

Баскаты Уырызмӕг
 

Tony Montana

Спортсмен
извиняюсь что не в тему, но может быть кто знает, есть ли где посмотреть старые чемпионаты мира с 2012 года и так же ОИ ? полные соревнования
 

Миширби

Правление
Команда форума
Дзæгъойты Рамазан æмæ Наниты Оледжы номарæн турниры ерыстæ.

Æрæджы Беслæны 25-æм хатт цыдысты Уæрæсейы сгуыхт тренертæ Дзæгъойты Рамазан æмæ Наниты Оледжы номарæн турниры ерыстæ, фæсивæды (21 азы онг) 'хсæн. Турниры цы 160 богалы ерыс кодтой, уыдоны 'хсæн уыдысты Кæсæг-Балхъары республикæйы минæвæрттæ дæр. Ерыстæ кадджын уавæры гом кæнгæйæ спортсментæн, уазджытæн æмæ спортуарзджытæн зæрдиаг арфæ ракодтой: Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан, Дзæгъойты мыггаджы хистæр Дзæгъойты Петр, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Гуытъиаты Вячеслав, ерысты сæйраг тæрхонгæнæг, Уæрæсейы сгуыхт тренер Багаты Вячеслав. Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр беслæйнæгтæ бацархайдтой ерыстæн хорз уавæртæ саразыныл, æмæ богæлттæ дæр равдыстой сæ хуыздæр гæнæнтæ. Гауызтыл кæрæдзийы ивгæйæ, цыдысты амæй-ай цымыдисагдæр тохтæ. Богæлттæй бирæтæ равдыстой хорз техникон цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Уæдæ хъæбысхæст цæмæй рæсугъд вæййы, ахæм æппæрстытæ æмæ æнæнхъæлæджы фæзындтытæ дæр гыццыл нæ уыд сæ архайды. Ерысты архайдтой, ныридæгæн сæ карæнты 'хсæн Уæрæсейы æмæ ма фæсарæнты дæр зындгонд чи у, къорд ахæм богалы.

Æппæты рогдæр уæзы (57 кг) кæронбæттæны 1-аг бынатыл тохы фембæлдысты Горæтгæрон районы минæвæрттæ Къаболаты Таймураз æмæ Дзауров Алик. Сæ хъазуатон фембæлд ахицæн 3:2 хыгъдæй, Къаболаты Таймуразы пайдайæн.
61 кг онг уæзы тынг сæрæн хæст ракодта Хъизинти Дзамболат (Дыгуры район). Дзамболат кæронбæттæны зынгæ цæттæдæр разынд алагираг богал Годызты Хетæгæй æмæ бацахста 1-аг бынат æнæкъуылымпыйæ.
Тынг зæрдæмæдзæугæ хæст кодта 65 кг уæзы онг Зехъети Ислам. Йæ ныхмæлæуджытæй Исламы æрхъуыдыджын, цырд æмæ бирæвæрсыг архайды ныхмæ фæлæууын ничи бафæрæзта æмæ бацахста 1-аг бынат. 2-аг бынатмæ рацыди Гаджиты Аслан (Андиаты Сосланы номыл скъола). Зехъети Ислам (Æрыгæтты республикон спортивон скъола) сыгъзæрин майдан æмæ дипломæй уæлдай, хорзæхджын ссис сæрмагонд приз "Хуыздæр техникон цæттæдзинад равдисæг"- æй.
70 кг онг уæзы хорз цæттæдзинад равдыстой Калоты Сослан (Æрыгæтты республикон спортивон скъола) æмæ Кæсæг-Балхъары республикæйаг богал Резуан Кажаров. Кæронбæттæны сæ фембæлд рауад тынг хъазуатон. Дыууæ богалы дæр уыдысты уæлахизы аккаг, фæлæ спортивон амонд фæци Кажаровы фарс, æмæ уый рамбылдта 4:2 хыгъдæй. Резуан Кажаровы тренер Закир Желдашевы Дзæгъойты мыггаг схорзæхджын кодтой сæрмагонд лæварæй.
74 кг онг уæзы дæр турниры уæлахиздзау ссис Кæсæг-Балхъары республикæйы минæвар Абдар-Рахман Кумыков. Уый кæронбæттæны фембæлд Андиаты Сосланы номыл скъолайы хъомылгæнинаг Хъарданти Мæхæмæтимæ æмæ йын бантыст æртæ хатты фæйнæ иу баллы рамбулын. Сæ тох ахицæн 3:0 хыгъдæй Кумыковы пайдайæн, æмæ уый бацахста 1 - аг бынат.
Йæ æппæт ныхмæлæуджытæй дæр зынгæ цæттæдæр разынд Чертыхъоты Руслан (Горæтгæрон район). 79 кг онг уæзы Руслан æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз и цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны 11:1 хыгъдæй рамбылдта йæ ныхмæлæууæг Гæбуты Асланæй (Алагиры район).
86 кг онг уæзы кæронбæттæнмæ рацыдысты Багаты мыггаджы дыууё богалы Арслан æмæ Алан. Дыууйæ дæр рамбылдтой сæ фæйнæ цыппар ныхмæлæууæгæй æмæ хъуамæ фембæлдаиккой 1-аг бынатыл тохы. Уыцы фембæлд нал рауад æрдæгкæронбæттæны хæцгæйæ Арслан кæй фæцæф, уый тыххæй, æмæ 1-аг бынат бацахста Багаты Алан. Рахизфарсы районы сæргълæууæг, Европæйы æмæ Уæрæсейы раздæры чемпион Фрайты Сослан, Багаты Арсланы уый размæ цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй схорзæхджын кодта сæрмагонд лæвар "Уæлахизмæ тырнындзи- над"-æй.
92 кг онг уæзы Горæтгæрон районы богæлттæ Æлборты Арсен æмæ Зассеты Арсен фембæлдысты 1-аг бынат бацахсыныл ерысы. Ацы фембæлды Æлборы-фырт уыди зынгæ цæттæдæр æмæ фæуæлахиз 11:1 хыгъдæй.
97 кг онг уæзы 1-аг бынатмæ рацыд Коцойты Тамерлан (Рахизфарсы район), 2-аг та ссис Плиты Ацæмæз ("Æвзонг Уæрæсе").
Уæззау уæзы (125 кг онг) йæ рæстæджы æнтыстджынæй хæцыди Наниты Олег. Ацы уæзы æрыгæтты 'хсæн уыди дунейы 1-аг бынат бацахсæг, фæсивæды 'хсæн та уыд Европæйы чемпион. Наниты бинонтæ уæззау уæзы фæуæлахизуæвæгæн скодтой сæрмагонд лæвар. Уыцы лæвар æмæ уæззау уæзы уæлахиздзауы сыгъзæрин майдан æмæ кубок райста Хосонты Азæмæт (Рахизфарсы район). Азæмæтæн кæронбæттæны тыхджын ныхкъуырд радта Саулохты Нодар (Андиаты Сосланы номыл скъола). Сæ ерысы хыгъд уыди 2:1 Хосоны-фырты пайдайæн. Уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ бацахсæг богæлттæ: Хосонты Азæмæт, Саулохты Нодар, Къæбысты Дауыд æмæ Хуыбылты Олегæн хæрзиуджытæ æмæ лæвæрттæ саккаг кодта Наниты Оледжы 'фсымæр Алан. Дзæгъойты Рамазан æмæ Наниты Оледжы бинонтæн сæрмагонд лæвæрттæ ракодта Фрайты Сослан. Йæхи номæй цалдæр лæвары скодта дунейы 2 хатты чемпион Сидахъаты Зауырбег дæр. Дзæгъойтæ æмæ Наниты бинонтæ зæрдиаг арфæтæ ракодтой ерыстæ саразджытæн, тренертæн, спортсментæн. Рамазан æмæ Оледжы рухс нæмттæ кæй нæ рох кæнынц, æмæ алы аз дæр æнæзивæгæй сæ номарæн турнирмæ кæй сæмбæлынц, уый тыххæй.


Баскаты Уырызмæг
 

Вложения

  • ч.PNG
    ч.PNG
    417,5 KB · Просмотры: 338
  • ч1.PNG
    ч1.PNG
    206,5 KB · Просмотры: 336
  • ч2.PNG
    ч2.PNG
    399,7 KB · Просмотры: 324

Миширби

Правление
Команда форума
82219449_2671304769618888_5336680530966478848_n.jpg


Аци бон Сибири сахар Новосибирски Хъæбæлоти Виталий иссæй классикон гъӕбесхуӕстӕй Уæрæсей еристи уæлахезæг!
Тæккæ рæуæгдæр уæзи (55 кг) кæронбæттæни, 1-аг бунатбæл Хъæбæлой фурт тохи бацудæй Хърими минæвар Эмин Совершаеви хæццæ. Сæ хъазауат фембæлд рахецæн æй 3:2 хигъдæй, Хъæбæлоти Виталийы пайдайæн.Уæлæнхасæн зæгъун гъæуй, аци уæлахез æй Хъæбæлой фурти æртиггаг радон уæлахез Уæрæсей ерести! Виталий фескъуæлхтæй 2018,2019 æнзти еристи дæр.

Йæ цæрæнбон берæ уæд!Идарддæр ин Хуцау агъазгæнæг уæд, æма нæуæг уæлахезтæй хайгин уæд!
 
Последнее редактирование:

Миширби

Правление
Команда форума
Къуар минути разæй Колити Георги иссæй французаг сахар Ницци дуйнеон турнир "Анри Деглане"-йы еристи уалахезæг! Фæстаг къуæрей Колий фурт дуккаг хатт фескъуæлхтæй ! Фондз боней размæ (13 январи) Георги байахæста 1-аг бунат Беларуси националон еристи!
Фæсевæд,дæнцæн уин уæнтæ Колий фурти уæлахезтæ!
 
Последнее редактирование:

Миширби

Правление
Команда форума
Хуарз æхсицгон хабар мæбæл исæмбалдæй аци бон. Нæ зундгонд гъæбесæйхуæцæг Байцати Владиславæн Уæрæсей спортивон хецауадæ исаккаг кодта Спорти Æскъухт Мастери кадгин ном!Зæрдибунæй йин раарфæ кæнæн! Рæстмæ уæнтæ дæ гъуддæгтæ,Влад!Хуцау дин агъазгæнæг уæд, æма дæ нæуæг уæлахезти хабæрттæ нæмæ игъусæнтæ!:clapping:



1-22.jpg
 
Последнее редактирование:

Миширби

Правление
Команда форума
Гуæцæлти Хаджимурат райста Сомихи падздзахади паспорт æма еци бæсти кадгин номбæл архайæги барæ.



Майрæнбони,7 феврали, Сомихи Олимпиаг комитети минæвар бунæттон æхсæнадæн исбæлвурд кодта Гуæцæлти Хаджимурати хундæ Сомихи гъæбесæйхуæцгути еугонд къамандæмæ.

37-анздзуд хуæцæг ,2004 Олимпиаг гъæзтити уæлахезæг, дуйней 5 хатти æма Европи 3 хатти чемпион иссæй уæрæсейаг тæккæ хестæр æма номдзуддæр легионер. Еци ахсгиаг хабар фегъосун кодта Сомихи хъæбесæйхуæцуни Федерации сæргълæууæг Роберт Хачатрян.Е балæвар кодта Хаджимуратæн Сомихи националон къаманди номгин трико

Хачатрян раарфæ кодта падздзахади хецауадæн,кæци тагъд рæстæгмæ иссирдта фæрæзнæ,æма рæстмæ исаразта Гуæцæли фуртæн Сомихи паспорт радтуни фарста. Хачатрян идарддæр ракодта Хаджимурати трансфербæл уæлдай æхцатæ дæдтун ке нæ багъудæй уой хабар.Бафистонцæ сидивд ихæсгини феддон - 5 мин швейцайраг франки – дуйней Федерацийæн (UWW) æма ма йе уой бæрцæ дæр Уæрæсейи Федерацийæн. Хаджимурат æхуæдæг æхецæн уæлдай æхцай уавæртæ аразуни кой дæр не скодта!

Хаджимурат æгасемæндæр æмбурди раарфæ кодта.Уæлдайдæр ба Араик Багдадянæн-бунæттон Федерацийи генералон секретарæн. Зæрдæ байвардта хъазауатæй ке архайдзæнæй еристи Сомихи падздзахади кадæ исустур кæнунбæл.

Гуæцæлти Хаджимурат еристи 2016 анзæй абони уæнгæ нæбал архайдта, фал æхуæдæг куд загъта, уотемæй, æ спортивон ацагъуæбæл æдауæ æновудæй куста раздæр куд уотæ.

Хаджимуратæн æ фæстæмæ раздæхти фиццаг еристæ уодзæнæнца еу дууæ къуарей фæсте Харькови.Уæдта 19-22 мартъий Будапешти бацæудзæнæй олимпийаг лицензи райсуни тохи. Хуцау дин агъазгæнæг уæд,Хаджи!
 
Последнее редактирование:
Сверху